РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Цæгат Ирыстоны цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл цы æмбырд сарæзта, уым ныхас цыди, фидар коммуналон хауæццæгтимæ цы уавæр сæвзæрд, стæй, Дзæуджыхъæуы цæрджыты кæлæддзаг цæрæнуæтты фондæй ракæныны муниципалон программæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур, фидар коммуналон хауæццæгтимæ абоны сæвзæрд уавæрыл дзургæйæ, загъта, ныртæккæ регионалон оператор «Экологический регион Алания»-йы архайд кæй ис ныллæгыл банымайæн. Йæ аххосаг та уый мидæг ис, æмæ æнæххæст бæрнондзинады организаци «Эра»-йы раз йæ хæс 2021 азæй 2025 азмæ схæццæ 695 минмæ, уыдонæй 578 мины сты респуб-ликæйы цæрджыты хæстæ.
Уымæ гæсгæ, ведомствæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй сарæзтой фæндаггон картæ регионалон операторы куыст фæхъомысджындæр кæныны тыххæй. Хаст æм æрцыдысты дебитортæ æмæ кредиторты хæстæ фæныллæгдæр кæнын æмæ хæстæ æмбырд кæныны хъуыддаг фæкарздæр кæныны мадзæлттæ. Регионалон операторæн дæр хъуамæ йæ претензион куыст фæкарздæр уа, ома, стыр хæстæ чи дары, уыдоны хъуыддæгтæ тæрхондонмæ лæвæрд цæуæнт. Бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ та фидар коммуналон хауæццæгтæ æмбырд кæнынæн, нормативтæ куыд амонынц, ахæм бæрцæн хъуамæ контейнерты фæзуæттæ саразой.
Æмбырды архайджытæ лæмбынæг æрлæууыдыс-ты граждæнты кæлæддзаг цæрæнуæтты фондæй ракæныны Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы муниципалон программæ-йыл. 2026 азмæ æххæстгонд хъуамæ чи ‘рцæуа, уыцы программæйы фæлгæты ног цæрæн бынæттæ ратдзысты Дзæу-джыхъæуккаг (Владикавказская) уынджы бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæн. Кæлæддзаг цæрæнуæтты фонды иумæйаг фæзуат у 6 мин квадратон метры, цæры дзы 695 адæймаджы.
ГАПБАТЫ Алеете














