Ногиры хъæу æнæхъæн бæстæйыл дæр хъуыстгонд у йæ цæрджыты æнтыстдзинæдтæй. Æртæ олимпиаг чемпионы кæм цæры, дыккаг ахæм нæй. Уæдæ дзы спортæй уæлдай ис æндæр æнтыстдзинæдтæ дæр. Ногиры астæу ис сывæллæтты музыкалон скъола. Ацы аз ын сбæрæг кодтой йæ 35 азы юбилей. Нæ республикæйы музыкалон скъолатæй у тæккæ æрыгондæр. Бындур ын сæвæрдта æмæ йæ фыццаг директор дæр уыд зындгонд фæндырдзæгъдæг, дзæнæты бадинаг Цоппойты Валодя.
Кадджын мадзалы архайдтой Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг, скульптор Дзбойты Михал, Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг Дауыраты Дамир æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, артист æмæ газет «Рæстдзинад»-ы спортивон уацхæссæг
Баскаты Уырызмæг.
Бæрæгбон байгом кодта Горæтгæрон районы культурæйы управленийы сæргълæууæг Табуты Георги.
– Фарн уæм бадзурæд, Ногиры хъæубæстæ æмæ нæ зынаргъ уазджытæ! 35 азы бирæ нæу. Мах уырны, скъолайы фидæн рæсугъддæр æмæ æнтыстджындæр кæй уыдзæн, уый. Нæ зæрдæ дарæм, бирæ курдиатджын фæсивæд дзы кæй бахъомыл уы-
дзæн, æмæ, канд Горæтгæрон район нæ, фæлæ нæ республикæ æмæ нæ бæстæйæн стыр кад кæй скæндзæн, – загъта Георги.
Ногиры музыкалон скъолайæн Горæтгæрон муниципалон районы минæвæртты æмбырды уынаффæмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд зындгонд музыкант Галаты Барисы ном. Уый хорз зонгæ у Ирыстоны аивадуарзджытæн, нæ республикæйы музыкалон культурæйы рæзтмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уымæй.
Скъолайы фарсыл цы номарæн фæйнæг фæзынд, уый сарæзта Дзбойты
Михал.
Музыкæйы ахуыргæнджытæ дæс азæй фылдæр куыстой зæронд, кæлæддзаг бæстыхайы. Йæ агъуыстытæ уыдысты уымæл, йæ бындур згъæлыд, афтæмæй. Уал азы дæргъы республикæйы Культурæйы министрад æмæ районы разамындæй куырдтой, цæмæй ацы музыкалон артдзæстмæ базилой æмæ йæ сцалцæг кæной. Афтæмæй, 2017 азы скъола Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæйæ хаст æрцыд 2020 азæй 2026 азмæ Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты мадзæлтты номхыгъдмæ. Цалцæггонд æрцыд национ проект «Культура»-йы фæлгæты. Уый фадат ратта 260 ахуырдзауы сфæлдыстадон æгъдауæй хъомыл кæнынæн.
Бæрæгбон сæ аивадæй срæсугъд кодтой сывæллæтты зарæггæнджыты хор æмæ национ музыкалон инструментты оркестр «Ирыстон».
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














