Ацы бæрæгбон къæлиндары хуымæтæджы нæ фæзынд. Йæ нысан у æхсæнады ‘ргом рæвдауæндæттæ æмæ скъолайы агъоммæйы хъомыладмæ аздахын. Æппæтуæрæсеон педагогон газеттæ æмæ журналты хъæппæрисæй царды рацыд 21 азы размæ 27-æм сентябры. Уæдæй йæ бæрæг кæнынц Уæрæсейы æппæт регионты, уыимæ, Цæгат Ирыстоны дæр.
Æрмæст фæстаг цалдæр азмæ республикæйы скъолайы агъоммæйы ахуы-
рады организациты нымæцыл дзæвгар бафтыд. Нацпроект «Демографи»-йы фæлгæты рæвдауæндæттæ сарæзтой Дзæуджыхъæуы Хъесаты Астаны æмæ Дзæуджыхъæуккаг уынгты, Хъызлары, Дæллаг Санибайы, Джызæлы, Хъарман-Сындзы-
хъæуы, Беслæны, Чермены хъæуы, Заводы поселочы æмæ бирæ æндæр рæтты. Уыцы куыст дарддæр дæр æххæст кæнынц. Афтæ, 2026-æм азы ног рæвдауæндоны арæзтад нысан кæнынц Красногоры. Паддзахадон куыстуæттæй уæлдай, æнтыстджын у сæ архайд 9 ахуырадон организацийæн. Республикæйы сывæллæты ахуырады рæзтæн стыр ахъаз сты дыууæ кванториумы, сæ иу – Мæздæджы районы, стæй Дзæуджыхъæуы Космонавтикæ æмæ IT-клубтæ.
Мæздæджы кванториумы бæрæгбоны фæдыл кадджын уавæры ссардтой районы рæвдауæндæтты хуыздæр хъомылгæнджытæ æмæ скъолайы агъоммæйы ахуырады кусджыты нæмттæ, фæбæрæг кодтой сæ ахсджиаг куысты ахадындзинад. Арфæтимæ сæм æрбацыдысты Мæздæджы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Станислав Никифоров æмæ ахуырады управленийы сæргълæууæг Неля Гаспарьянц. Мæздæггаг хъомылгæнджытæ сæ иртасæн куыстытимæ сæрæнæй архайынц æрвылазон республикон конкурстæ «Ступень в науку» æмæ «Шаг в будущее Осетии»-йы. Сæ наукон, техникон æмæ гуманитарон къабæзты иртæстытæн сын скæнынц аккаг аргъ.
– Рæвдауæндæтты чи кусы, уыдон алы бон дæр архайынц, сабийы цард æнцонвадат æмæ æдас, цымыдис цæмæй уа, – рæвдауæндæтты разамонджытæ æмæ кусджытæн йæ раныхасы бафиппайдта Станислав Никифоров æмæ Кады гæххæттытæ ратта хъомылады куысты хуыздæртæн. Се ‘нæзæрдæхудт фæллой æмæ ахуырады къабазы бирæ азты куысты тыххæй Арфæйы гæххæттытæ райстой, скъолайы агъоммæйы хъомыладмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы адæймæгтæ.
Бæрæгбоны архайджыты зæрдæтæ сæ зард æмæ кафтæй барухс кодтой Мæздæджы 7-æм æмæ станицæ Луковскæйы 16-æм рæвдауæндæтты хæд-
ахуыр артисттæ. Уæлдай цин сын æрхастой 7-æм скъолайы агъоммæйы кусæндоны оркестры чысыл музыканттæ, Евгений Догайы «Вальс» ацæгъдгæйæ. Мæздæджы 43-æм рæвдауæндоны кусæг Аллæ Келинайы фыст арфæйы æм-
дзæвгæтæм видеолентыл фыстæй бакастысты районы сывæллæтты цæхæрадæтты хъомылгæнинæгтæ. Бæрæгбоны архайынæй сæхи нæ айстой ныййарджытæ дæр. Профессион бæрæгбонмæ сын цы ахаст ис, уый равдыстой ацы бон. «Мы желаем счастья вам» зарæг ныййарджытæй иу – Татьянæ Денисова куы райдыдта зарын, уæд æй иннæтæ дæр айстой æмæ анхъæвзта техцентр «Кванториум»-ы.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














