Ацы аз æппæтуæрæсеон ерыстæ æмæ чемпионатты раззаг бынæттæ чи бацахста, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Аланæн уыд хъуыддаджы фембæлд амынд ахуыргæнæндоны ахæм студент-спортсментимæ.
Фембæлды архайджыты ‘хсæн уыдысты ирон филологи æмæ историон факультетты студенттæ Хъуылаты Софья, Саулаты Сослан, Уалыты Батрадз, Бекъойты Артур, Гобеты Артур, Кцойты Хъантемыр, стæй Абайты Артур æмæ Георги. Æрыгон спортсментæ æнтыстдзинæдтæ равдыстой бокс, дзюдо æмæ хъæбысхæстæй ерысты.
Фæсивæдæн се спортивон æнтыстдзинæдты фæдыл раарфæ кæнгæйæ, Огъуайы-фырт загъта:
– Нæ спортсменты æнтыстдзинæдтæй сæрыстыр стæм. Ныртæккæ ерысты чи архайы, кæнæ сæм йæхи чи цæттæ кæны, уыцы студенттæн ацы фембæлдмæ æрбацæуыны фадат нæ уыд, фæлæ, сымах уе ’ппæт дæр нæ хъуыстгонд спортсменты æгъдæуттæ дарддæр кæй хæццæ кæнут, уый æнæмæнг бафиппаинаг у. Курдиатджын фæсивæд нæм ахуыр кæнынмæ канд физикон культурæйы факультетмæ нæ, фæлæ историон, филологон, экономикон æмæ æндæр факультеттæм дæр кæй æрбацæуынц, уый мын æхсызгон у. Æмкурсонты разæнгард кæнут æн-
тыстдзинæдтæм. Уæ фидæны дæсныйад спортимæ баст кæд нæ уа, уæддæр царды æнæниз уаг, æнтыстдзинæдтæ равдисынæн ахъаз кæны.
Фембæлды рæстæг ректор куыд загъта, афтæмæй университеты разамынд рахаста алыхуызон ерысты фесгуыхæг студенттæспортсментæн зæрдæлхæнæнтæ скæныны уынаффæ.
Ныхас кæнгæйæ, факультетты декантæ Плиты Зæлинæ æмæ Гуытъиаты Эльмирæ спортивон æнтыстдзинæдтæ равдисæг æмæ зонындзинæдтæ райсынмæ тырнæг студенттæн ракодтой зæрдиаг арфæтæ.
Цæгæт Ирыстоны
паддзахадон
университеты
пресс-службæ














