Хъомылады ног философи

0
106

Проект «Навигаторы детства»-йы Цæгат Кавказы федералон зылды форумы архайдтой Цæгат Ирыстоны скъолаты æмæ профтехахуырады кусæндæтты директорты уынаффæгæнджытæ хъомылады фарстаты фæдыл, регионалон æмæ муниципалон координацигæнджытæ, ныййарджыты æмæхсæнады, ахуырдзауты сæрæндæр минæвæрттæ.

Форум бантыст Уæрæсейы Рухсады министрады, «Росдетцентр»-ы æххуысæй.  Пленарон æмбырды æрныхас кодтой хъомылады фарстаты традицитæ æмæ инновацитæ цавæр бынат ахсынц, уый тыххæй. Хъомылады ног философийæ царды ног филососфимæ куыд рахизæн ис, ууыл уыд сæ ныхас Уæрæсейаг сывæллæтты-æвзонгты центры разамонæг Александр Кудряшов æмæ Цæцæны республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Ходж-Бауди Дааевæн.

Ацы ран скодтой алыхуызон мастер-класстæ, стратегион сесситæ, тренингтæ, рæгъмæ рахастуыд сывæллæтты дуджы размæ хонæг, хорз хъуыддæгтыл амидингæнæн мадзæлттæ. Хъомылады фадæттæ фæхуыздæр кæныныл скъола æмæ бинонтæ хъуамæ куыд архайой, уыдæттыл уыд сæ ныхас фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ æмæ эксперттæн.

Форумы архайджытæн сæ къухы бафтыд хъомылады ахадындзинад фæбæрзонддæр кæныны авналæнтæ сбæрæг кæнын, фæсурокты рæстæг ахуырдзаутимæ ахсджиаг фарстатыл æрдзурыны фадæттæ саразын. Ахсджиаг ныхасы рæстæг рабæрæг сты ахуырады, хъомылады сæйрагдæр нысантæ, фæбæрæг кодтой хъомылады ахадындзинад. Ацы ахсджиаг фембæлды архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой, Цæгат Кавказ знæгтæй хъахъхъæнджыты, Грознайы горæты нефтгуыстгæнджыты фæллойгæнæг адæмы номыл стелæйыл. Æппæт  хъуыддæгтæ конд æрцыдысты Цæцæны республикæйы сæйраг горæт Грознайы.

 

РЦИ-Аланийы Ахуырад
æмæ наукæйы министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here