Æрæджы Цытджын Новгороды ацæуæг 10-æм парламентон фембæлд «Уæрæсейы историон-культурон бынтæ»-йы ныхас кæнгæйæ, бæстæйы Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенко куыд фехъусын кодта, афтæмæй культурон бынты объектты тыххæй закъон рæхджы сфидар кæндзысты (ногæй саразинаг чи у, ныхас цæуы ахæм цыртдзæвæнтæм цæстдарды иумæйаг порталы арæзтадыл).
Парламенты Уæллаг Палатæйы Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, хъæдæрмæгæй арæзт культурон бынты иунæг цыртдзæвæн дæр сафинаг нæу, æмæ ацы хъуыддагмæ цæстдарæг документты архайды æмгъуыд адаргъ кæнын æмбæлы. Уымæй уæлдай, хицауы бынатахсæг сылгоймаг ахуыргæндтæн, музейты кусджытæ æмæ рацаразджытæн æххæстгонд куысты тыххæй бузныг загъта.
– Ахæм курдиатджын, зондджын æмæ хи бæстæйы историйыл æнувыд адæймæгтæ Уæрæсейæ фæстæмæ æндæр паддзахæдты нæй. Махмæ сæвзæрæг рацарæзты кусæндæттæ хауынц дунейы хуыздæр кусæндæтты номхыгъдмæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы æвæджиауы кадрон авналæнты райрæзт нымад у паддзахады сæйраг хæслæвæрдтæй иуыл, – загъта Валентинæ Матвиенко.
Нæ уацхæссæг














