РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барисы разамындæй уыд республикæйы Хицауады радон аппаратон æмбырд. Министртæ, ведомствæты разамонджытæ æмæ районты сæргълæуджытæ æрныхас кодтой, национ æмæ паддзахадон проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл, æмæ ног нысантыл.
Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги йæ доклады фехъусын кодта, республикæйы оперативон уавæр.
– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Республикæйы фæндæгтыл уæзласæн хæдтулгæты бæрц сбирæ. Транспорты æппæт хуызтæн дæр фадат ис Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл ацæуынæн. Арвыкомы фæндагыл ацæуынмæ электронон рады æнхъæлмæ кæсынц 2640 автотранспортон иуæджы. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтысты 26,3 мин автотранспортон иуæджы æмæ 69,8 мин адæймагæй фылдæр, – загъта Отары-фырт.
Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 22 сентябрæй 28 сентябрмæ Цæгат Ирыстоны æрцыд 15 фæндаггон фыдбылызы. 31 адæймаджы дзы бавзæрстой хъыгдард, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындæттæм аластой. Уыдонæй 7 адæй-
маджы – 18 азы кæуыл нæма цæуы, ахæмтæ.
Цæгат Ирыстоны дарддæр дæр арæзт цæуынц гриппы ныхмæ мадзæлттæ. Уавæр нывыл кæй у, æнæзæрдæхсайгæ, уый тыххæй фехъусын кодта «Роспотребнадзор»-ы республикон хайады разамонæг Тыбылты Алан.
– Ныртæккæ ахсджиаг у гриппы ныхмæ иммунизаци афойнадыл фæуын, цалынмæ инфекци нæма фæзынд, уæдмæ. Абон нæ республикæйы гриппы ныхмæ прививкæтæ скодтой 86 мин адæймаджы. Ноджы ма фараст адæймагмæ разынд ног коронавирусон инфекци, – загъта Тыбылы-фырт.
Райсомæй скъолаты æмæ рæвдауæндæтты сывæллæтты æнæниздзинадмæ лæмбынæг цæстдард кæй цæуы, уый фæахъаз сывæллæтты грипп æмæ ОРВИ-йæ бахъахъхъæнынæн. Уæлæмхасæн ахуырады программæты арха-йынц 99 мин
ахуырдзауы. Уымæй уæлдай ма нæ республикæйы 160 скъолайы зæрдиагæй цæуынц фæззыгон æнæниз кæныны мадзæлттæм цæттæгæнæн куыстытæ, байгом дзы уыдзысты лагертæ. Уый тыххæй Хицауады аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.
– 58,5 мин ахуырдзауæн лæвæрд цæуы хъарм хæринаг. Уыдонæй 1700 сты – йе ’нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдон, 2500 та – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ, – бафтыдта ма йæ ныхасыл министр.
Дзанайты Барис министртæ æмæ ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, национ æмæ паддзахадон проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ фылдæр æргом аздахын.
Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ












