Фæллойы министрадæй

0
101

2026 азы 1 февралæй фæстæмæ социалон фиддонтæ фæфылдæр уы-
дзысты 6,8 проценты.

Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Фæллойы министрад. Министрады ма ноджы 2026 азы Социалон фонды бюджеты проекты тыххæй радзырдтой:

– фæдзæхстады пенситæ иннæ аз фæфылдæр уыдзысты 7,6 проценты;

– социалон пенситæ иннæ аз 1 апрелæй фæстæмæ фæфылдæр уыдзысты 6,8 проценты;

– социалон фонды бюджеты проектмæ гæсгæ 2026 азы æнхъæлцау æмæ арыны рæстæджы æххуыс æппæты фылдæр фæуыдзæн 955,8 мин сомы онг;

– фæдзæхстады пенситы рæстæмбис бæрц фæфылдæр уыдзæн суанг 2 мин сомы онг æмæ 2026 азы уыдзæн 27,1 мин сомы;

– 2026 азы 1,5-азыккон сывæллонмæ зилыны æххуыс уæрæсейаг кусджытæн фæфылдæр уыдзæн мæй 83 мин сомы онг;

– 2026 азы 1 февралæй фæстæмæ инвалидтæ, ветерантæ, Уæрæсейы Хъæбатыртæн фиддонтæ æмæ æндæр æххуыстæ индексацигонд æрцæудзысты инфляцийы æмбæрц;

– 2026 азæй фæстæмæ Социалон фонды бюджеты проектмæ гæсгæ рæстæгмæ æнæкуыстхъомы мæйы æппæты фылдæр æххуыс уыдзæн  207 мин сомæй фылдæр;

«Бюджет рагхыгъд  кæны æппæт социалон хæслæвæрдтæ дæр кæронмæ сæххæст кæнын», – фехъусын кодтой министрады.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here