Бокоты Эльбрус – Алагиры районы администрацийы разамонæг

0
49

Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй нысангонд æрцыд БОКОТЫ Эльбрус. 

Бокойы-фырт йæ куыстадон æмæ æхсæнадон архайдæй зындгонд у куыд Алагиры районы, афтæ æппæт республикæйы дæр. Йæ фыццаг профессион ахуырадмæ гæсгæ у инженер-аразæг (1987 азы каст фæци Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институт), фæстæдæр УФ-йы Президенты цур Паддзахадон службæйы академийы бахъахъхъæдта социологон наукæты кандидаты диссертаци.

Йæ фæллойадон фæндаг райдыдта республикæйы арæзтадон къабазы, паддзахадон службæйы фыццаг къахдзæфтæ акодта йæ райгуырæн районы.
Фæстæдæр уыд РЦИ-Аланийы Парламенты депутат, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл парламентон комитеты сæрдар, Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады разамонæг, Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг, РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар æмæ респуб-ликæйы Сæргълæууæджы уынаффæгæнæг.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here