Æрвылбоны фæллой…

0
62

Ныртæккæйы рæстæгæй бирæтæ хъаст кæнынц, куысты бынæттæ нæй, зæгъгæ, æмæ аххосджынты агурынц. Хъæдгæройнаг лæппу Гутнаты Аслан уыдонмæ нæ хауы. Йæхи æрвылбоны фæллойæ у зæрдæрухс.

– Скъоладзау ма уыдтæн, афтæ мæ дзæбæх сыхаг, фæлтæрдджын зæхкусæг Хаситы Русланимæ фыццаг хатт ацыдтæн быдырмæ. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд тракторæй хуым кæнын, тауын. Уæдæй абонмæ 20 азы бæрц рацыд. Бирæ зонындзинæдтæ райстон нæ бригады разамонæг Хъуылаты Славикæй, дæсны агроном Томайты Тамерлан æмæ иннæтæй. Зæхкусджытæ уыдысты мæ фыдыфыд Къола, мæ фыд Махар дæр. Мæ хæрæфырт Сосланыл нырма æхсæз азы йеддæмæ нæ цæуы, афтæмæй йæ мемæ быдырмæ куы акодтон, куы федта уæрæх быдыртæ, уæд йæ цæстытæ цæхæр акалдтой. Уæд дæр æмæ ныр дæр нæ хæдзарад уыд раззагдæрты æмрæнхъ. Йæ хъуыддæгтæ цыдысты хорз, иннæ хæдзарæдтæ йæм æххуысагур цыдысты. Уæдæй абонмæ куысты уавæртæ аивтой, кусæм, ног, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм техникæйыл, æнцон архайд у, стæй дзы æнтысгæ дæр фылдæр кæны, – дзуры æнæзивæг лæппу.

Афæдзы афонтæй алкæцыдæр уарзон у Асланæн. Уалдзыгон ауæдзы фыццаг хатт хоры нæмыг цингæнгæйæ куы ныппæрста, æмæ хъæздыг тыллæджы æрзадай йæ фæззæг куы фесгуыхт, уæдæй абонмæ йæ зæрдæ нæ сивта йæ куыстыл. Абон Гутнаты Аслан у хъæууонхæдзарадон куыстуат «Кадгарон – Агро»-йы хуыздæр механизатор. Хæрзæгъдау бинонты буц кæстæр æрвылбон тагъд кæны йæ куыстмæ. Ацафон рæстæг зынаргъ у, æмæ пайда кæнын хъæуы куыстæн бæзгæ алы сахатæй дæр. Ныртæккæ кæрдынц сойæйы быдыртæ, уымæй размæ та æфснайдтой нартхоры зæххытæ. Боны цъæхтæй суанг изæрдалынгтæм куыстой механизатортæ, бонмæ-иу 30 гектары бæрц тыллæг ныккарстой æмæ бафснайдтой. Алы лыстæг хъуыддагмæ лæмбынæг кæсынц куыстуаты разамонæг Хъазиты Чермен æмæ сæйраг инженер Лазарты Эрик.

– Фæззыгон-быдырон куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Куыддæр карст фæуæм, афтæ та бавналдзыстæм хуым кæнынмæ. Нæ куыст аразæм агротехникæйы домæнтæм гæсгæ. Уалдзæгмæ нæм иу зæххы гæбаз дæр æнæхуымгондæй нæ баззайдзæн, – зæгъы Аслан.

Парахат быдыртыл цæст ахæсгæйæ, куыстуарзаг лæппу хорз æмбары, царды фидæн ацы сойджын зæххы кæй ис, уый.

Гугкаты Жаннæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here