Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой респуб-ликæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.
Хъалонтæ æвæрыны хуымæтæг системæйæ пайда кæнгæйæ, хицæн къордты адæймæгтыл хъалон æвæрыны тыххæй «Уæрæсейы Федерацийы Хъалонты кодексы уыцы хаймæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр. Æфтиæгтæй иу процент хъалон фидыны уæлбар лæвæрд цæуы, хи амалхъомадон куыст кæнын чи райдыдта, сæрмагонд æфсæддон операцийы уыцы ветерантæ æмæ йæ архайджытæн. Уымæй уæлдай, документы куыд амынд ис, афтæмæй, ахæм уæлбарты аккаг чи у, амалхъомадон куыстыты уыцы номхыгъд сфидар кæныны бар лæвæрд цæуы регионтæн сæхицæн.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн уæлæмхасæн социалон зæрдæдарæнтыл ныхас кæм цæуы, Советы уæнгтæ ма æркастысты «Уæрæсейы Федерацийы ахуырады тыххæй» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» уыцы федералон закъоны проектмæ. Уым куыд загъд ис, афтæмæй, йæ сæрыхицау кæнæ йæ цардæмбал сæрмагонд æфсæддон операцийы кæмæн фæмард, уыцы идæдз сылгоймаг кæнæ нæлгоймагæн кæй ис уæлдæр кæнæ астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндонмæ лæвар, æнæ фæлварæнтæй бацæуыны бар. Закъоны проект æркæсынмæ рахаста Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева.
Советы уæнгтæ бай-хъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы къабазы рæзты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон программæ царды уагъд куыд цæуы», уый фæдыл Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Культурæйы министрады хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг – культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз бæстон æрдзырдта, культурæйы къабаз размæ ракæныны тыххæй национ проекты хæстæ æмæ нысантæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл, æмæ сæ финансон æфсисадыл. Куыд загъта, афтæмæй национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты бындурон цалцæггонд æрцыдысты 34 кусæндоны, се ‘хсæн – кук-
латы театр «Саби» æмæ Тугъанты Махарбеджы номыл Аивæдты музей. Фæхуыздæр сты культурæйы къабазы кусæндæтты авналæнтæ. Фæлæ лыггæнинаг фарстатæ дæр бирæ сты. Зæгъæм, Гергиты Валерийы номыл Аивæдты училищæйы нæй хореографион зал; Национ музей æмæ Тугъанты Махарбе-джы номыл Аивæдты музей се сфæлдыстадон бынтæ æдасæй кæм дарой, ахæм бынат сæм фаг нæй; абоны домæнтæн дзуапп чи дæтта, мультимедион ахæм техникæйæ хъуаг æййафынц. Ацы æмæ æндæр фарстатæ алыг кæныныл министрад архайы.
Раныхасы фæдыл Тускъаты Таймуразмæ, Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ, депутаттæ Черчесты Асланмæ, Реуазты Ларисæмæ, Бердиаты Керменмæ, Джиоты Георгимæ цы фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ сæвзæрд, уыдон баст уыдысты республикæйы кинофонд нымæцон уагмæ раивынимæ æмæ, киноиндустри Цæгат Ирыс-тоны ногæй цæмæй фæзына, уымæн уавæртæ аразынимæ, районты культурæйы хæдзæртты материалон-техникон бындур фæхуыздæр кæнынимæ, ирон æвзаг культурон тыгъдады ноджы тынгдæр рапарахат кæнынимæ, Дыгурон театры уавæр æмæ æндæр фарстатимæ.
Хъусынгæнинаджы фæдыл æмдоклад скодта Еленæ Князева. Йæ ныхасы йе ‘ргом аздæхта æхсæнады, алы адæймаджы царды дæр культурæйæн цы ахадындзинад ис, уымæ, паддзахады ‘рдыгæй культурæйæн, стæй ацы къабазы кусджытæн æххуысы
мадзæлттæм, культурæйы кусæндæтты рацарæзт æмæ æндæр фарстатæм.
Парламенты социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ æркæсынмæ рахаста, социалон нысаниуæг кæмæн ис, къорд ахæм федералон закъоны проекты. Закъонæвæрынадон хъæппæристæ фидар кæнынц бирæсывæллонджын ныййарджыты фæллойадон бартæ, стæй сидзæр æмæ æвæгæсæгæй баззайæг сывæллæттæн социалон æххуысы уæлæмхасæн зæрдæдарæнтæ.
Уымæй уæлдай, федералон закъонты проектты фæдыл æмбырды ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Качараты Олег, Киситы Мурат, Джиоты Георги.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














