Зымæгон хъармгæнæн рæстæг

0
49

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд РЦИ-Аланийы Хицауады æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Министртæ, ведомствæтæ æмæ районты разамонджытæ ныхас кодтой зымæгмæ хъармгæнæн
системæйы цæттæдзинад æмæ æндæр лыггæнинаг фарстатыл.

Ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнты тыххæй доклад бакаст Хицауады Сæрдары хæдивæг Отарты Георги. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæйы оперативон уавæр у нывыл.

– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр сты бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Транспорты æппæт хуызтæн  фадат ис Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл цæуынæн. Арвыкомы фæндагыл ахизынмæ æнхъæлмæ кæсынц 782 авто-
транспортон иуæджы, уыдонæй 598 – сæрмагонд бынæтты. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызт 28,3 мин автотранспортон иуæджы æмæ 71,2 мин адæймагæй уæлæмæ, – загъта
Отарты Георги.

Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, фæстаг къуырийы дæргъы, 16 азы кæуыл нæма цæуы, ахæм фондз сывæллоны бахаудтой фæндагон фыдбылызты. Алыхуызон цæфтимæ 10 адæймаджы æвæстиатæй рынчындæттæм аластой.

Боныхъæды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъармгæнæн рæстæг райдыдта афонæй раздæр. Фæлæ бахъæудзæн цалдæр боны, цæмæй республикæйы æппæт хъармгæнæн системæтæ дæр скусой. Уый тыххæй фехъусын кодта рес-
публикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады минæвар.

Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславæн бабар кодта бирæфатерон хæдзæрттæй зымæджы хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæ чи нæма у, уыдоны.

– Æмбарын, зæронд æмæ кæлæддзаг хæдзæрттæ дæм кæй æрхаудтой, фæлæ адæм тыхсынц, æмæ сын баххуыс кæнын хъæуы, – загъта республикæйы Сæргъ-
лæууæг.

Милдзыхты Вячеслав бахъаст кодта, республикæйы «Водоканал» горæты уынгты æнæзакъонæй цы куыстытæ кæны, уыдоны фæстæ фæндæгтæ къæхтытæй кæй
ныууадзы, ууыл. Республикæйы «Водоканал»-ы генералон директор уыцы ныхæстæ банымадта æнæраст хъуыддагыл. Уый фæдыл республикæйы Сæргълæууæг Дзæуджыхъæуы администраци æмæ «Водоканал»-ы разамындæн бабар кодта иумæ æрзилын горæты уыцы бынæттыл æмæ сбæрæг кæнын, уавæр цас раст у, уый.

Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ОРВИ æмæ гриппæй рынчынты нымæц у: 10 проценты – скъолаты æмæ 14 проценты – рæвдауæндæтты.

– Карантины уавæр республикæйы нæй, – загъта министр.

Аппаратон æмбырды дарддæр ныхас цыд, республикæйы районты цы лыггæнинаг фарстатæ ис, уыдоныл. Сергей Меняйло сæ разамонджытæм бартхъирæн кодта, кæй сæ сусæг кæнынц, уый фæдыл.

– Районты сæргълæуджыты нæ фæнды, кæнæ та сæ бон нæу æргомæй лыггæнинаг фарстатыл дзурын, фæлæ фæсвæд архайынц сæ саразыныл. Афтæ дарддæр дæр куы архайат, уæд æфхæрд баййафдзыстут. Зæгъæм, Æрæфы районы Хæзныдоны хъæуы амбулатори арæзт æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ, нырыккон домæнтæн дзуапп нæ дæтты, афтæмæй районы разамонæг дæр æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад дæр фехъусын кæнынц, алцыдæр хорз у, зæгъгæ. Аппаратон æмбырды æппæт лыггæнинаг фарстаты тыххæй дæр æргомæй куыд хъусын кæнат, афтæ. Фарста куы раргом кæнат, уæд та йын, куыд ыл бакусдзыстут, уыцы мадзæлттæ агурут.

Сергей Меняйло бахæс кодта сæрмагонд къамис саразын æмæ сбæрæг кæнын Хæзныдоны амбулаторийы уавæр. Медицинон кадртæ фаг кæй нæй, уый баххæст кæнын студентты фæрцы.

Электрон подстанцæтæ нывыл кæй нæ кусынц, уый аххосæй 20 трамвайы онг горæты уынгтæм нæ рацæуынц. Уый фæдыл республикæйы Сæргълæууæг бафæдзæхста «Алания электросети»-йæн къуырийы æмгъуыдмæ фарстатыл бакусын.

Регионы разамонæг æмбырды уæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, программæ «Æхсарджын Ирыстон» дарддæр æххæстгонд кæй цæуы, уый. Йæ ныхасмæ гæсгæ, программæйы архайджытæ æвдисынц хорз æнтыстдзинæдтæ, æмæ сæ бон уыдзæн алыхуызон бæрнон бынæттæ бацахсын.

– Æз се ’ппæты дæр хорз зонын. Мæнæн уыдонимæ æнцондæр кусæн у. Чи зоны, кадрты фарстайы  цæхгæр ивддзинæдтæ æрцæудзæн. Тæрсын уæ нæ кæнын, фæлæ алы куысты дæр хъуамæ уа хорз бæрæггæнæнтæ, – загъта Сергей Меняйло.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here