Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты бындурыл скодтой æппæтуæрæсеон студентон олимпиадæ «Æз профессионал дæн», зæгъгæ, Гом дуæртты бон. Уым Хетæгкаты Къостайы номыл, Хæххон аграрон университетты, Медицинон академийы студенттæ базыдтой, проект сын цы фадæттæ дæтты, уый.
Арфæйы ныхæстимæ студенттæм фæсидт Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм проект ссис стратегион нысанау. «Дæ хъомысыл бафтауыны фадæттæ, авналæнтæ базонæн ис Гом дуæртты бон. Йæ профессион рæзтыл бафтауынмæ чи хъавы, уыдоны цур æхсызгонæй балæудзыстæм», – фæбæрæг кодта Огъуайы-фырт.
Æппæтуæрæсеон студентон олимпиадæйы разамонæг Валерия Касамара студенттæн радзырдта, сæ профессион рæзтæн æмæ, хи хъомысыл бафтауынæн цы фадæттæ ис, уыдоны тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстон акодта уæндон æмæ ахадгæ къахдзæф, фарон æхсæз уæлдæр ахуыргæнæндонæй 600 студенты архайдтой æппæтуæрæсеон студентон олимпиадæйы. «Уыдонæй 12 систы олимпиадæйы кæронбæттæны дипломанттæ. Мæн уырны, ныр дæр цæгатирыстойнæгтæ сæхи уæндонæй, курдиатджынæй кæй равдисдзысты, уый», – загъта олимпиадæйы разамонæг.
Гом дуæртты бон 2024-2025 азты олимпиадæйы уæлахиздзаутæ райстой сæ дипломтæ. Уый фæстæ æмхуызонæй архайдтой размæ, хуыздæр бынæттæм рацæуынæн цы фадæттæ арæзт æрцыд, уыдоны, фæллойы базарады уавæрты тыххæй сæ зонындзинæдтæ равдыстой. Æппæтуæрæсеон студентон олимпиадæ «Æз профессионал дæн» арæзт цæуы алыхуызон наукæты бындурыл, уæлахиздзаутæн сæ бон уыдзæн бæстæйы раззагдæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуын, уæрæсе-
йаг компаниты стажировкæ кæнын æмæ æхцайы премитæ райсын.
ЦИПУ-йы
пресс-службæ














