Ахуырадон кусæндæтты бындурон цалцæг

0
49

Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты кæронмæ фæхæццæ кæны 11 ахуырадон æмæ хъомыладон кусæндоны бындурон цалцæг.

Ахæм нымæцтæ журналисттæн фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæ-джы хæдивæг Ходы Мæдинæ.

Администрацийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, уыдоны нымæцы сты 10 скъола æмæ 1 рæвдауæндон. Абоны онг уал цæлцæджы куыстытæ ахицæн сты æмæ цæттæдзинады акттæ фидаргонд æрцыдысты 4 ахуырадон кусæндоны (18-, 21-, 36- æмæ 42-æм скъолаты). Иннæты цалцæг хъуамæ фæуа ноябры, цæмæй азы кæронмæ æппæт кусæндæтты дæр ахуырадон процесс ногæй æппæт хъарутæй райдайа.

Подрядон организацитæн хæсгонд уыд бæстыхæйтты раивын электрон тых, хъармдæттæн æмæ æндæр коммуникациты хæтæлтæ, фæфидардæр кæнын къултæ æмæ уæладзгуыты бындуртæ, рацаразын хæрæндæттæ, спортивон æмæ æмбырдтæаразæн залтæ, стæй санитарон тæлмытæ…

Ходы Мæдинæ куыд радзырдта, афтæмæй, æмткæй райсгæйæ, фæстаг дыууæ азы дæргъы национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы фæлгæты бындурон цалцæ-
джы куыстытæ æххæстгонд цыдысты 15 ахуырадон кусæндоны.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here