Хъæбулы хорзæх дывæр цин хæссы

0
49

Къесаты Артур æмæ Æгъуызарты Ларисæ сæ цард баиу кодтой Дыгуры районы. Артур куыста совхозы, Ларисæ – радиозаводы цехы. Æнгом бинонтæ цард арынц, фæзæгъынц. Дыууæ уарзон адæймаджы рухсмæ рауагътой æмæ схъомыл кодтой фондз лæппуйы æмæ иу чызг. Се ’ппæтæн дæр ис бинонтæ, æрлæууыдысты царды фæрныг фæндагыл.

Артур йе ’цæг дунемæ ацыд 57-аздзыдæй. Ларисæ цæры йæ кæстæрты æмæ уыдоны кæстæрты цинæй. Йæ цоты цот сты цыппæрдæс, æмæ сæ Ларисæ цух нæ уадзы сæ нанайы рæвдыдæй. Кæд ницы хъуаг у, уæддæр нырма куыстхъом у æмæ хæ-
дзары нæ бады. Цы мызд райсы, уый та айуары йæ кæстæрты кæстæртыл. Цæры сæ цин æмæ сæ хуртæй.

Йæ цоты кæстæртæ Æхсар æмæ Хъазыбег бафыст бадзырдмæ (контрактмæ) гæсгæ службæ кæнынц Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты. Сæ хæрзиуджыты тыххæй кой кæнын дæр нæ уадзынц, телефонæй дзургæйæ. Фæлæ хæрзæрæджы сæ мад Ларисæ, Æхсар кæм службæ кæны, уыцы æфсæддон хайы хицауæй райста Арфæйы фыстæг. Уый размæ Æхсар сахуыр кодта цыбыр æфсæддон курсыты, æмæ йын раттой кæстæр лейтенанты æфсæддон цин. Мæнæ цы фыссы æфсæддон хайы коман-
дæгæнæг:

«Зынаргъ Ларисæ Константины чызг! Сæрыстырæй дын хъусын кæнæм, дæ фырт æфсæддон хайы кадимæ кæй æххæст кæны йæ æфсæддон-патриотон хæстæ сæрмагонд æфсæддон операцийы.

Фыццаг бонтæй фæстæмæ, батальоны службæ кæнгæйæ, дæ фырт йæхи равдыста сыгъдæгзæрдæйæ æххæстгæнæг æфсæддонæй; тагъд ахуыр кæны æфсæддон хъуыддагыл, æххæстæй базыдта æфсæддон техникæ æмæ хæцæнгæрзты сусæгдзинæдтæ, дæсны сæ пайда кæны украинаг националистты ныхмæ тохы, командæгæнджытæ æмæ йын йе ’мбæлттæ кæнынц стыр аргъ. Йе ’мслужбæгæнджытæн у лæгдзинад æмæ ныфсхасты æвдисæн.

 

Уæрæсейы знæгтæ – украинаг националисттæ æмæ сæ фæсарæйнаг хъузæтты ныхмæ тохы æвдисы диссаджы арæхстдзинад æмæ хъæбатырдзинад. Ды схъомыл кодтай хъæбатыр хæстон æмæ фыдыбæстæйы патриот. Хæстæджытæ, къабæзтæ, æмбæстонтæ æмæ зонгæтæн сæ бон сæрыстыр уæвын у ахæм гуырдæй. Уый у Уæрæсейы хуыздæр хъæбултæй иу, æмæ дын уымæ гæсгæ мæхи æмæ æппæт æфсæддон коллективы номæй арфæ кæнын. Стыр бузныг, ахæм сæрæн гуырд кæй схъомыл кодтай, уый тыххæй».

Зæрдиаг арфæтимæ æфсæддон хайы командæгæнæг

Ахæм сыгъдæгзæрдæ арфæтæй сæрыстыр уыдзæн цыфæнды мад дæр, æмæ Ларисæ дæр не ’мбæхсы йе ’нкъарæнтæ. Куы йæ фæкæсы, уæд йæ рустыл фæзынынц цины цæссыгтæ. Асæрфы сæ, цæмæй йæ ма феной Æхсары фырттæ Геор, Славик, Артур, æмæ та сын ногæй бакæсы сæ фыды тыххæй йæм йæ хицауад цы зæрдæмæхъаргæ хъарм ныхæстæ ныффыстой, уыдон. Ныббуц вæййынц сабитæ сæ хæстон фыдæй.

Хъæбулы хорзæх дывæр цинæй æрбатухы Ларисæйы уæнгтæ æмæ йæ хъарм хъæбысы æрбакæны йæ кæстæры кæстæрты. Кæддæр Æхсар дæр адонау æнахъом уыд, ныр та æрмæст йæ бинонтæн нæ, фæлæ æнæхъæн бæстæйæн дæр ныфсы хос кæй сси, уый йæм æвзæрын кæны сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ.

Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here