Хуыздæртимæ – Гагкайты Арсен

0
57

Нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады уыд, 2025 азы фараст мæйы оперативон-слестгæнæн куысты бæрæггæнæнтæй хатдзæгтæ скæнынимæ баст æмбырд. Амыдта йæ пъæлицæйы инæлар-лейтенант Демьян Лаптев.

Ныхасы архайдтой министрады бæрнон кусджытæ, æппæт дæлха-
йæдты дзуапдæттæг адæм, фæзуатон оргæнты хицæуттæ. Цалынмæ бæс-
тон ныхас нæма райдыдта, уæдмæ республикæйы мидхъуыддæгты министр Демьян Лаптев кадджын уавæры фæбæрæг кодта министрады кусджыты æнтыстытæ. Уыдонимæ уыд Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады слестгæнæн хайады хицауы хæдивæг, пъæлицæйы дæлбулкъон Гагкайты Арсен.

Йæ удуæлдай фыдæбоны, Фыдыбæстæйæн лæггад æмæ службæ кæныны, йæ куысты бæрзонд бæрæггæнæнты тыххæй Гагкайты Арсенæн Уæрæсейы мидхъуыддæгты министр, пъæлицæйы инæлар  Владимир Колокольцевы номæй раттой Кады грамотæ. Уый æппæт районы мидхъуыддæгты хайадæн дæр æхсызгон у, арфæ кæнæм не ‘мкусæгæн.

Уый дзурæг у, фыдракæндтимæ тохы цы арæхстдзинад æвдисыс, дæсныйады æууæлтæ фæбæрзонддæр кæныныл куыд архайыс, ноджы хуыздæр æнтыстытæм кæй тырныс, равзæрст хъуыддагыл æнувыд кæй  дæ Гагкайы-фырт, уыдæттыл. Нæ зæрдæ дын зæгъы ноджы фылдæр æнтыстытæ, дæ дарддæры фыдæбон дæр афтæ хорзæхгонд куыд цæуа, уый.

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы мидхъуыддæгты
хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here