Мæздæджы районы Хъызлары хъæуы амбулаторийы коллектив медицинон лæггæдтæ дæтты 11 мин адæймагæй фылдæрæн – уый бæрц у бынæттон цæрджыты нымæц. Афтæ фæзæгъынц, хорз хъæуккаг дохтыр, дам, дзæбæх кæны æрмæст низ нæ, фæлæ адæймаджы уд дæр. Æмæ ахæм хъуыдымæ æрцæуæн ис, бынæттон медицинон кусджытæ æмæ, кæй дзæбæх кæнынц, уыдонимæ аныхас кæнгæйæ.
Амбулаторийы сæргъы лæууы Мæдинæ Алиева – Цæгат Ирыстоны Медицинон академийы рауагъдон. Кæддæр æм, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд æндæр бæллицтæ уыдис, фæлæ йæм фæстæдæр æрцыд йæ цард медицинæимæ сбæттыны хъуыды, æмæ фæсмон нæ кæны. Йæ чызгыл 12 азы цæуы, æмæ бæрæг нæма у, йæ мады къахдзæфтыл ацæу-
дзæн æви нæ, фæлæ йе ‘фсымæры чызг бафæзмыдта Мæдинæйы, ныртæккæ у Медакадемийы фыццаг курсы студенткæ.
Амбулаторийы разамонæджы бынатмæ æрыгон сылгоймаджы снысан кодтой 2022 азы, æмæ йæ хæстæм бæрнон цæстæй кæй кæсы, уый бæрæг у, амбулаторийы къæсæрæй бахизгæйæ. Сыгъдæгдзинад – фыццаг бынаты. Къултыл ауыгъд – зонинæгтæ низты тыххæй, æрыгон мадæлтæн, раздæры амбулаторийы кусджыты къамтæй рæсугъд фæлгонцгонд стенд…
Бон-сихорафон коллектив йæ куысты тæмæны уыд, къæлидоры сæ радмæ æнхъæлмæ кастысты медицинон æххуысмæ æрбацæуæг хъæуы цæрджытæ. Ам сыл сæмбæлынц цыппар терапевты æмæ цыппар педиатры, алкæмæн дæр дзы – медицинон хо, дæндæгты дохтыр, сылгоймæгты дохтыр æмæ акушер, ис дзы процедурæтæ, прививкæтæ кæнæн кабинеттæ, лаборатори…
Фæлæ ма байхъусæм Мæдинæ Алиевамæ:
– Нæ хъæу стыр у, алы терапевтæн дæр йæ участокы ис 1700 адæймаджы, сывæллæтты нæ нымайгæйæ. Фылдæр рынчынтæ кæнынц ас адæм, хъыгдарынц сæ зæрдæ æмæ дадзинты низтæ, туджы æлхъывдад сбæрзонд вæййы кæнæ та æрхауы. Уæдæ азы ацы афон та бирæтæ улæфæнты низтæй хъæрзынц, тæвд æмæ уазал куы сиу вæййынц, уæд адæймаг йæхи нæ бахъахъхъæны, æрдзон уавæртæ нæ бахынцы.
Диспансеризацимæ стыр æргом здахæм, уæлдай лæмбынæг каст ис хистæр фæлтæры минæвæрттæм, пенсиисджытæм. Сихормæ рынчынтæ ардæм æрбацæуынц, æмæ сын алывæрсыг хъæугæ медицинон æххуыс дæттæм, фæссихор та сæ хæдзæртты бæрæг кæнæм хуысгæ рынчынты, йе ‘нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ йæ бон амбулаторимæ æрбацæуын кæмæн нæу, уыцы хъæуы цæрджытæм. Уæдæ алы дохтыры хæс дæр у документтимæ кусын, æмæ нæм уыцы хъуыддаг дæр æмбæлгæ уагыл æвæрд у.
Ис нæм боны стационар, фæлæ ахæм стыр хъæуæн дыууæ къуындæг уаты, кæй зæгъын æй хъæуы, фаг не сты, тынг нæ тыхсын кæны ацы хъуыддаг. Къуындæг уавæрты кусæм, нæ амбулатори уæрæхдæрхъуаг у. Фæлæ, уыцы хъуагдзинæдтæм нæ кæсгæйæ, нæ коллектив зæрдæбынæй æххæст кæны йæ размæ æвæрд бæрнон хæстæ – æхсæв æмæ бон не ‘взаргæйæ, цæттæ у æххуыс бакæнынмæ.
Сæрыстыр стæм нæ ветерантæй. Зæирæ Акбиева участокы фелсырæй кусын райдыдта 41 азы размæ. Медицинон хо Хавæ Сатубалова дæр æртын азæй фылдæр лæггад кæны не ‘мхъæуккæгтæн. Афтæ – Раисæ Лукожева, Зоя Даулетова, Мæдинæ Дациева дæр – педиатрты медицинон хотæ, алчидæр дзы йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ æххæстæй зоны æмæ дзы æнтыстджынæй пайда кæны. Нæ зæронддæр кусджытæй иу – терапевт Валентинæ Пироженко. Фæллойадонфæндагыл æрлæууыд 52 азы размæ æмæ йæм улæфынмæ ацæуыны фæнд нæма ис. Йæ хъæздыг фæлтæрддзинадæй цæстуарзонæй хай кæны нæ коллективы æрыгон фæлтæрæн. Нæ кусджыты номæй-номмæ нæ фæнымайдзынæн, фæлæ се ‘ппæтæй дæр разы дæн, арфæйы дзырдты аккаг сты.
Нæ боны стационарæн хостæ цы хъæуы, уыдонæй æххæст стæм, ис нæм хъæугæ ифтонггæрзтæ, тагъд æххуысы машинæ. Ам æнæзæгъгæ нæй нæ раздæры шофыр Муслим Геховы тыххæй. Рухсаг уæд, æрæджы ацыд йе ‘цæг дунемæ. Æнæхъæн хъæу дæр æй зыдта, зивæг никæд кодта, рæстæмбис дохтыры бæрц æм уыд зонындзинæдтæ. Ныр нæм хæдтулгæскъæрæгæй кусы Алихан Арчаков, æмæ уымæй дæр разы стæм. Машинæмæ зилы, кæсы йæ техникон уавæрмæ, сыгъдæг æй дары. Анализтæ афойнадыл фæхæццæ кæны Дзæуджыхъæумæ, – радзырдта нын Мæдинæ.
Дарддæр æрзылдыстæм хатæнтыл – æцæгæйдæр, къуындæг сты сæ уавæртæ, фæлæ уый хыгъд банкъарын æмбæлы, медицинон кусджытæ иу бинонтау кæй цæрынц. Зæирæ Акбиева та мидбылхудгæйæ загъта, уадз æмæ, дам, нын нæ къамтæ, кæддæр медицинон училищæйы немæ чи ахуыр кодта, уыдон дæр феной, æхсызгон, дам, сын уыдзæн.














