Æнæ скъола иу бон дæр – нæ

0
35

Алы адæймаджы царды дæр ис уарзон ахуыргæнæг. Йæ ныхасæй, йæ хъуыддæгтæй фæзминаг чи у, дæ зæрдæбын, сусæг ныхæстæ кæмæн ракæндзынæ, ахæм. Хъомылгæнæг, зондамонæг, уарзон ахуыргæнæг у Æрыдоны алы фæлтæрты минæвæрттæн ХъаЙЫрты Кириллы чызг Майæ. Бирæ азты размæ цы дæсныйад равзæрста, ууыл йæ зæрдæ никуы сивта.

Гыццыл Майæмæ ахуыргæнæджы курдиат кæй ис, уый уайтагъд банкъардтой бинонтæ. Йæ фыд Кирилл уыд æфсæддон, мад  –- Джыгкайты Тамарæ та – фармацевт. Сæ цард баиу кодтой 1949 азы, сæ куысты фæдыл цардысты Иркутскы облæсты горæт Тайшеты. Хъомыл кодтой сæ дыууæ чызджы – Майæ æмæ Азæйы. Кирилл отставкæйы куы рацыд, уæд сыздæхтыс-ты сæ уарзон Æрыдонмæ. Бинонтæн сæ кæстæртæ ахуырмæ рæвдз уыдысты æмæ, фыццаг Майæ, стæй та афæдзы фæстæ Азæ дæр  сыгъзæрин майдантыл каст фесты фыццæгæм скъола. Уæд районы газеты уацхæссæг Дзугаты Хасан ныффыста æрмæг «Хъайырты сыгъзæринтæ», зæгъгæ. Майæ сæххæст кодта йе стыр бæллиц. Педагогон институты немыцаг-англисаг хайадмæ йæ райстой. Арæх æрымысы, фæлварæны рæстæг, ахуыргæнджытæй иу дисгæнгæ бафарста: «Кæм ахуыр кодтай, ахæм арф зонындзинæдтæ кæм райстай?»

Æз сын загътон, Æрыдоны 1-æм скъолайы, зæгъгæ. Уæд уый цингæнгæйæ сдзырдта: «Евгения Фролова мæ хуыздæр студенткæ  уыдис. Махæн та – нæ къласы разамонæг. Бирæ рæстæг рацыд уæдæй, фæлæ мæ зæрдыл дарын, ахуыры бæрзæндтæм нæ чи хуыдта, уыдоны – Иван Кулачков, Галинæ Бабиева, Валентинæ Михайлова, Аннæ Компанейцева, Верæ Холодионова, Александрæ Карамушко, Цогойты Чабæхан æмæ иннæтæ. Мæхи амондджыныл нымайын, ахæм хорз адæмимæ кæй æмбæлдтæн. Паддзахадон университеты дипломимæ, 56 азы размæ, 1970 азы æрыздæхтæн ахуыргæнæгæй, мæхæдæг  сабийæ цы тыргъты схъомыл дæн, уырдæм. Тынг æхсызгонæй мыл сæмбæлдысты иууылдæр, цæстуарзонæй мын куысты сусæгдзинæдтæ амыдтой, ныфсытæ мын æвæрдтой. Уыдтæн скъолайы фæскомцæдисы къорды разамонæг. Коммунистон партийы уæнг куы сдæн, уæд та мæ равзæрстой скъолайы парторганизацийы нымæрдарæй, Æрыдоны горæты советы депутатæй. Цæгат Кавказы æрыгон ахуыргæнджыты номæй архайдтон Мæскуыйы стыр слеты. Æнæферохгæнгæ сты уыцы бонтæ дæр. Диссаг куыд нæ уыд, Коммунистон парти æмæ Ленинон фæскомцæдис адæмимæ кодтой æмхъуыды. Уыдоны ныфсæй алчидæр рæсугъд фидæнмæ каст. Максим Горький загъта: «Кæд мæ къухы исты бафтыд, уæд чингуыты руаджы». Æз та ма йæм бафтаудзынæн – фæс-
комцæдис æмæ партийы фæрцы, – зæгъы Майæ.

Хистæр фæлтæры ахуыргæнджытæ цы фарн, цы хорз æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон дарддæр хæццæ кæны абоны коллектив, йæ директор, ацы скъолайы рауагъдон Бæцойты Тамарæимæ.

– Фыссæг Александр Фадеевы ныхæстæ мын уыдысты разæнгардгæнæн. Уый фыста: «Ахуыргæнæг… Куыд кадджын у дæ ном! Алы сывæллон дæр ахуыр кæм кæны, уыцы бæстæйы фидæн ис йæ къухы æмæ йæ сыгъзæрин зæрдæйы». Уый хъуыды кæнгæйæ, никуы ницæуыл уыдтæн фæсмойнаг, кæддæриддæр æхсызгонæй цыдтæн æмæ цæуын мæ куыстмæ. Ам – мæ уарзон бинонтæ, мæ сывæллæттæ, мæ хъарм хæдзар.

Фадат уыдис æндæр скъолаты разамонæджы бынаты кусынмæ. Мæ къах мæ никуы хаста æндæр  рæттæм, æрмæст иу фæндаг – скъоламæ, мæ уды бæрц кæй уарзын, уыцы бæстыхаймæ, – зæгъы Майæ. Фæлтæрдджын ахуыргæнæг, нæ ауæрды йæ хъарутыл, йæ зонындзинæдтыл. Æрдзæй рахæсгæ уæззау зонд æмæ уæздандзинадæй хицæн кæны адæмы ’хсæн.

Йæ хорз куысты тыххæй йæм ис бирæ кады гæххæттытæ.  Педагогон фæллойы ветеран, Хъайырты Майæ у Уæрæсейы Адæмон рухсады отличник, 2023 азы  йæ ном хаст æрцыд Ирыстоны хуыздæр ахуыргæнджыты Кады чиныгмæ. Фæлæ æппæты зынаргъдæр хæрзиуæг ахуыргæнæгæн у йæ бирæ ахуырдзаутимæ æхсызгон фембæлд, сæ арфæйы фыстæджытæ, сæ ныййарджытæй бузныджы
ныхæстæ хъусын.

– Ныртæккæ хорз ахуыр кæнынæн ис æппæт гæнæнтæ дæр, уæлдайдæр та мах скъолайы. Советон Цæдисы Хъæбатыр Григорий Пасынковы ном сæрыстырæй хæссы не скъола, лæууы республикæйы раззагдæрты æмрæнхъ. «Ахуыргонд алчи не свæййы, фæлæ æгъдау, æфсарм, ирондзинад Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад ма рох кæнут. Æнæмæнгæй, хъуамæ алы сывæллон дæр аргъ кæна йæ мадæлон æвзагæн, зона, чи уыдысты йæ фыдæлтæ, сæрыстыр уа йæ райгуырæн хъæуæй», – арæх фæзæгъын кæстæртæн.

Ахуыргæнæджы куыст чи равзæрста, уыцы æрыгæттæ хъуамæ  ма рох кæной, скъола, æртæкъахыг фынджы хуызæн кæй лæууы, ахуыргæнæг, ахуырдзау æмæ ныййарджыты æнгомдзинадыл. Ахуырадон æмæ хъомыладон куыстæн хицæн кæнæн нæй, – зæгъы Майæ.

Бирæтæ йæм бахæлæг кæнынц: «Тæхуды, Майæ Кирилловнайы хуызæн йæ куыстмæ алы бон бæрæгбонау чи цæуы». Æнæмæнг, уый амондджын адæймаг у.

 

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here