Форуммæ цæттæдзинады фарстатæ

0
158

Куыд зонæм, афтæмæй Кавказаг инвестицион форум уыдзæн Стъараполы крайы Минералон Дæтты горæты 2026 азы 17-19 майы. Форуммæ цæттæдзинады фарстатæ равзарыны фæдыл Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис скодта сæрмагонд æмбырд.

Дзанайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Кавказаг инвестицион форум æппæт зылды регионтæн у тынг ахсджиаг æмæ ахадгæ цау. Æнæмæнг, хъуамæ Цæгат
Ирыстон хъуыддæгтæ аразыны, культурæйы, спорты,
гастрономийы, экспозицитæ равæрыны йæ хъомыс, йæ ахаст равдиса. Ахæм хæстæ республикæйы разамындыл æвæры РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Хицаудзинады уæлдæр æмвæзадыл æвæрд æрцыд амалхъомтимæ баныхас кæнын, цæмæй сæрæнæй форумы бацархайой. Алы ведомствæйы дæр хъуамæ бæрæггонд æрцæуой хъуыддæгтæ аразджытæ. «Нæ зæрдæ дарæм, форум ирд æмæ ахадгæ кæй уыдзæн, ууыл. Хъуамæ йæ фæзуæтты амалхъомтæ æмæ се ‘мгуыстгæнджытæ рæгъмæ рахæссой æппæт бакæнинаг фарстатæ. Се ‘хсæн хъуамæ цæуа æргом ныхас. Нырма нын рæстæг ис, ацы куыст ныр цалдæр азы кæнæм. Ис нæм, цы равдисæм, уый. Цæгат Ирыстон амалхъомтæм æвзæрын кæны хицæн цæстæнгас, æргом æм здахынц. Уæлдайдæр инвестицитимæ, туризмимæ æмæ гастрономиимæ бастæй. Бирæ къабæзты размæ цæуæм, нæ регионмæ æргом раздахдзыстæм», – загъта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар.

Кавказаг инвестицион форумы архайдзысты паддзахадон хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг компанитæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ, фæсивæдон, наукон æмæхсæнады æрвыст адæм. Ацы ран фадат уыдзæн бадзырдтæ, разыйы гæххæттытæ бафыссынæн, хъуыддæгты фæдыл æрныхас кæнынæн. Афтæмæй, инвестицион проекттæ царды бантыс-дзысты, уæрæсейаг ре-
гионты рапарахат уыдзæн паддзахадон-хицæн адæймæгты ‘хсæн æмгуыстад.

Форумы уæлдай æргом аздахдзысты дунеон экономикон æмгуыстад рапарахат кæнынмæ. Инвестицион форум конд цæуы 2023 азæй фæстæмæ, хъæппæрис равдыстой «Росконгресс-ы фонд, Уæрæсейы Экономикон рæзты министрад.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here