Коррупцион фæзынды тыххæй дзуапп дæттынц

0
28

Прокуратурæ цы цæстдарæн мадзæлттæ сарæзта, уыдоны рæстæг æркастæуыд, организацитæ коррупцийы ныхмæ архайды закъонæвæрынад куыд æххæст кæнынц, уымæ. Уый фæрцы республикæйы æнæххæст бæрнондзинады æхсæнадтæй иуы рабæрæг коррупцион æгъдаухæлд.

Слестгæнджытæ куыд раиртæстой, афтæмæй амынд куыстуаты генералон директор 70 мин сомы бæрц «зæрдæлхæнæн» ратта хъалонты службæйы минæварæн, цæмæй йын йæ амалхъомадон архайдæн цæлхдуртæ мачи æвæра.

Уыцы цауы фæдыл Прокуратурæ Уæрæсейы Административон æгъдаухæлдтыты фæдыл кодексы уагæвæрдты бындурыл сарæзта административон барадхæлды тыххæй хъуыддаг. Уыцы æрмæджыты бындурыл куыстуат, куыд юридикон иуæг, иваргонд æрцыд 500 мин сомæй.

Уымæй уæлдай, гæртам райсыны тыххæй хъалонты службæйы кусæджы ныхмæ УФ-йы Уголовон кодексы 290-æм статьяйы 5-æм хайы бындурыл арæзт æрцыд уголовон хъуыддаг дæр. Уымæ та æркæсдзæн Дзæуджыхъæуы Советон районы тæрхондон.

 

РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here