Цæгат Ирыстоны культурæйы кусæндæтты архайд, къабазы рæзты фарстатæ рæгъмæ рахастæуыд, республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд скодта, уырдæм. Дзанайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй культурæйы рæзтыл тынг сахады паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты архайд.
Дзанайы-фырт фæсидт Культурæйы министрадмæ, цæмæй сæрæнæй бавналой федералон чиновниктимæ куыстмæ. Хицауады Сæрдар ма æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта Уæрæсейы культурæйы министры фыццаг хæдивæг Сергей Обрываловимæ фембæлд. Радзырдта, се ‘хсæн цы ахсджиаг ныхас рауад, уый тыххæй. «Цы нысантæ рахастам, уыдонимæ сразы, 2026 азмæ мах хъæуы курдиæттæ бацæттæ кæнын æмæ сæ федералон министрадмæ бадæттын», –загъта Дзанайты Барис.
Бæрнон адæймæгтæ фехъуыстой, культурæйы цал кусæндоны бахастой паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæм, уый. Се ‘хсæн – театрты материалон-техникон ифтонгад, ног нырыккон дыууæ чиныгдоны, Креативон индустрийы ног скъолайы арæзтад, хъæуккаг чиныгдæтты ифтонгад æмæ уырдæм чингуытæ балхæнын, стæй æндæр хъуыддæгтæ саразын. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ куы фембæлд, уæд рахаста, «Беслæн. 1-æм скъола»-йы культурон-патриотон центрæн экспозицитæ балхæнынæн фæрæзтæ дих кæныны уынаффæ. Ахицæн куыстыты фыццаг къæпхæн.
Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны культурæйы цавæр уавæр сæвзæрд, уый тыххæй бæстон радзырдта республикæйы культурæйы ведомствæйы разамонæг Гуыдиаты Батрадз.
«Республикæ федералон бюджетæй райста алыхуызон культурон хъуыддæгтæ саразынæн 400 милуан сомы. Уыцы нысантæ сты «Культурæйы рæзт»-ы паддзахадон программæ æмæ национ проект «Бинонтæ»-мæ хаст. Фæрæзты фæрцы къухы бафтдзæн куырмыты республикон æмæ Алагиры чиныгдæттæ, Октябрскийы хъæуы Культурæйы хæдзар сцалцæг кæнын, музейты материалон-техникон ифтонгадыл бакусын æмæ æндæр хъуыддæгтæ саразын.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй Сергей Меняйло сæвæрдта республикæйы сфæлдыстадон коллективты районты культурæйы кусæндæттæм æрвитыны хæстæ. Сентябры ахæм балцытæ уыдысты 10, октябры – 12. Хицауады Сæрдар бафæ-дзæхста уыцы куыстмæ фылдæр æргом раздахын.
«Республикæ цы сфæлдыстадон хъомысæй æххæст у, уымæй хъуамæ пайда кæнæм, культурæйы ахадгæ мадзæлттæ æрмæст Дзæу-джыхъæуы ма цæуой конд, фæлæ æппæт районты дæр. Æргом аздахын хъæуы туризмы къабазы рæзтмæ, цы æвæджиауы культурон объектты хицау стæм, уыдон бæхæссын хъæуы туристон маршруттæм», – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.
Ныхас бацахста «Пушкинаг картæ» парахат кæныны фарста дæр. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ахæм картæтæ байгом кодтой 51 мин, уыдоныл схардз кодтой 73 милуан сомы. Гуыдиаты Батрадз куыд радзырдта, афтæмæй лæмбынæг æвзарынц культурæйы кусæндæтты æнæбюджетон архайд. Фæнды сæ уыцы архайды системæ саразын.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














