Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады службæгæнджытæ федералон проект «Сабидуджы фæндагамонæг»-ы активон архайджытимæ æрымысыдысты милицæйы булкъон Челдыты Виталийы рухс ном. Пъæлицæйы кусджытимæ Мысæн боны архайдтой Алагиры 3-аг æмæ Црауы скъолаты директорты хæдивджытæ хъомыладон куысты Есенаты Альбинæ æмæ Хæллаты Маринæ сæ ахуырдзаутимæ.
Челдыты Владимиры фырт Витали уыд æппæты тæссагдæр фыдгæнджыты ныхмæ архайджыты сæрæндæр æмæ йæ хъуыддаг хуыздæр зонджытæй иу. Æдзухдæр ныфсджын æмæ сæрæнæй архайдта, бирæ хатт йæ цардæн тæссаг уавæрты, æмæ амæй-ай вазыгджындæр æмæ уæззаудæр фыдракæндтæ раргом кæныны хъуыддæгты. Йæ хæстæ æххæстгæнгæйæ, сæрæн æмæ лæгдзинад æвдисгæйæ, йæхиуыл нæ
ауæрдгæйæ, Витали цы бирæ сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уыдоны тыххæй хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады бирæ хæрзиуджытæй, уыдонимæ – ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады Кады грамотæ, риуылдаргæ нысантæ: «Милицæйы иттæг дæсны», «Мидхъуыддæгты министрады иттæг хорз службæйы тыххæй», «Йæ хæсыл иузæрдион уæвыны тыххæй», майдантæ «Æнаипп службæйы тыххæй»-ы æртæ къæпхæнæй, «Службæйы æхсардзинады тыххæй», хорзæхджын ма æрцыд номон сæрмагонд хæцæнгарзæй.
Витали хъæбатырæй фæмард гæрзифтонг фыдгæнджытимæ карз тохы 2008 азы 1 октябры. Милицæйы, фæстæдæр та, пъæлицæйы булкъон Челдыты Виталийы æхсар æмæ лæгдзинады, Фыдыбæстæйыл иузæрдионы хабæрттæ сывæллæттæ æмæ сæ разамонджытæ фехъуыстой Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады хистæр службæгæнджытæй.
Мысæн бонæй Алагиры районы мидхъуыддæгты пъæлицæйы капитантæ Челдыты Марат æмæ Хъæцмæзты Владислав, стæй се ’мкусæг инспектор Бæззаты Миланæимæ ацыдысты Суадагмæ. Уыдонимæ ма баиу сты проект «Сабидуджы фæндагамонæг»-ы Алагиры районы координатор Хъуппеты Лаурæ æмæ Суададжы скъолайы директоры хæдивæг сывæллæтты æхсæнадон иугæндтимæ бастдзинад æмæ æхсæнадон хъомылады куыстыты архайæг Кæсæбиты Сабинæ, Виталийы ингæныл сæвæрдтой дидинджытæ.
Уырдыгæй сæ фæндаг акодтой, Суададжы Виталийы номыл хъæуы цы уынг хæссы, цы хæдзары схъомыл æмæ цард, ууылты. Фæндагыл цæугæйæ, сывæллæттæ иудадзыгдæр цымыдисæй хъуыстой, мидхъуыддæгты службæгæнджытæ Виталийы лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинады тыххæй сæ хистæртæй цы хабæрттæ хъуыстой, уыдонмæ. Мысæн боны архайджытæ æнæ бацæугæ нæ фесты, хъайтар цы скъолайы ахуыр кодта, уырдæм дæр.
Ам цалдæр азы размæ байгом музей. Йæ иу хай дзурæг у, скъола сæрыстыр кæмæй у, уыцы рауагъдонты цардыл, æмæ дзы зынгæ бынат ахсы милицæйы булкъон, йæ хæстæ æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыцы Лæгдзинады орденхæссæг Челдыты Виталийы цард æмæ службæйыл дзурæг æрмæг.
Музеймæ цæстдарæг, райдиан кълæсты ахуыргæнæг Дзодзыккаты Идæ уазджытæн радзырдта, Виталийы тыххæй æрмæг куыд æмбырд кодтой, куыд сæрыстыр сты се ’мхъæуккаг хъæбатырæй, уыцы хабæрттæ.
Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады бардзырдмæ гæсгæ, Уæрæсейы 8 ноябрь нысангонд цæуы, мидхъуыддæгты службæгæнджытæй йæ хæстæ æххæстгæнгæйæ, чи фæмард, уыдоны Мысæн боныл. Æмæ сæ хъæбатырты нæмттæ нæ рох кæнынц алагирæгтæ дæр. Æвзонг фæлтæрæн дзурынц сæ лæгдзинад, æхсар æмæ сæрæндзинады хъуыддæгтæ.
Лæгдзинад æмæ Сырх Стъалыйы ордентæй сæ мæлæты фæстæ хорзæхджын чи ’рцыд, уыдон хаст æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты оргæнты æнусон номхыгъдмæ. Уыдонимæ ис милицæйы булкъон Челдыты Владимиры фырт Виталийы рухс ном дæр.
Уый райгуырд 1957 азы 21 сентябры Алагиры районы. Суададжы скъола каст фæуыны фæстæ 1975 азæй 1977 азмæ службæ кодта Советон æфсады рæнхъыты. 1978 азы завод ОЗАТЭ-йы цалцæггæнæн-механикон цехы хорз амындмæ гæсгæ йæ райстой службæ кæнынмæ Цæгат Ирыстоны АССР-йы Мидхъуыддæгты министрады милицæйы хицæн дивизионы милиционерæй. Каст фæци ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд скъола Уфайы æмæ Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты
Къостайы номыл паддзахадон университеты юридикон факультет.
1981 азæй фæстæмæ Челдыты Витали сæрмагонд комендатурæйы радгæсы хайады инспекторæй РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады уголовон агуырды управленийы хайады хицауы онг фæцыд, сыгъдæгзæрдæ æмæ сæрæнæй службæ кæнгæйæ. Æртæ азы дæргъы разамынд лæвæрдта Алагиры районы мидхъуыддæгты хайадæн, аст азы – РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады организацигонд фыдракæндтæ æмæ гæрзифтонг фыдгæнджыты ныхмæ тохы хайадæн.
Æппæт уыцы хабæрттæ арф фæд ныууагътой Мысæн боны, чи сæ зыдта, уыдоны æмæ сæ фыццаг хатт чи фехъуыста, уыцы кæстæрты зæрдæты дæр. Гуырын сæм кодтой патриотизм æмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор














