Оперативон-агурæн мадзæлттæ саразгæйæ, Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Цæгат Ирыстоны управленийы кусджытæ кæрон сæвæрдтой Мæздæджы районы цæрджытæй иуы æнæзакъон архайдæн.
Слестгæнджытæ гуырысхойаджы азымджын кæнынц, æнæзакъонæй кæй балхæдта æмæ йæ хæдзары æфснайдæй рæмудзæн æрмæджытæ (гранатæ «Ф-1» æмæ гранатæ «УЗРГМ-2»-йы рæмудзæнтæ) кæй дардта, уымæй. Уыимæ, æгъдаухалæгæн уыд рæмудзæн æрмæджытæ барвæндонæй барадхъахъхъæнæг оргæнтæм раттыны фадат, фæлæ дзы не спайда кодта.
Æмбырдгонд оперативон-агурæн æрмæджыты бындурыл Æдасдзинады федералон службæйы РЦИ-Аланийы управленийы кусджытæ УФ-йы Уголовон кодексы 222.1-æм статьяйы 1-æм хайы («Æнæзакъонæй æлхæнын æмæ æфснайдæй дарын рæмудзæн æрмæджытæ») бындурыл нæлгоймаджы ныхмæ сарæзтой уголовон хъуыддаг.
Мæздæджы районы тæрхондон æрæджы æркаст уголовон хъуыддагмæ æмæ йæ уынаффæтæ фехъусын кодта. Нæлгоймаг нымад æрцыд аххосджыныл æмæ йын снысан кодтой ахæстоны 3 азы дзырдмæ фæбадыны æмгъуыд. Уымæй уæлдай, аххосджын иваргонд æрцыд 20 мин сомæй.
Тæрхондоны уынаффæ йæ тыхы бацыд.
УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы
цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæ














