ÆРТÆ — нымæц æртæ стыр цымыдисаг у.
Æрмæст ирон адæммæ нæ, фæлæ ма бирæтæм тынг кадджын у, уæларвон нысаниуæг ын ис бирæ динты. Чырыстон динæн та, зæгъæн ис, у йæ бындур: Фыд Хуыцау, Хуыцауы Фырт æмæ Сыгъдæг Удыл æнцой кæны.
Нымæц æртæйæн стыр нысаниуæг ис ирон адæмы царды, дзырд фарнау у бирæвæрсыг æмæ уæларвон хъуыдыйыл баст, Хуыцауы комытæф æм хæццæ кæны. Нæ фынг у æртæкъахыг. Æртæ кæрдзынæй куывдты æмæ чындзæхсæвты арæм Хуыцауы ном. Фынгыл фыццагдæр æвæрæм æртæ нуазæны, æртæ фынджы. Дзуары бынмæ кувынмæ цæуæм æртæ æртæдзыхонимæ. Хуыцау дæр Батрадзыл æрæппæрста æртæ цæссыджы, Нæртон мыггæгтæ дæр уыдысты æртæ. Сæ фæткъуы давынмæ дæр цыдысты æртæ æхсинæджы. Сатана куы фæтыхсы, уæд ракæны æртæ мыдамæсты æмæ Хуыцаумæ скувы.
Нымæц æртæйæ аргъуц, нымд кæнынц ирон адæм. Бафтыдтой йыл сæ фарн, се ‘гъдау. Нæ фыдæлтæн суанг сæ фæттæ дæр æртæтигъонтæ — æрттигътæ уыдысты.
НÆФÆТЧИАГ — табуйаг, Стыр Хуыцауы, йе сконд зæдтæ æмæ дауджыты номимæ цыдæриддæр баст ис, уый у нæфæтчиаг. Кувæндæтты бын, мысайнæгты цур хи уæгъдæй, æнæуагæй, æнæгъдауæй дарын, хъæр кæнын нæ фæтчы. Дзуары номыл цы хойраг скæнай, фыдызгъæл сфыцай, уымæй куыйтæн, гæдытæн дæттын нæ фæтчы. Бынаты хицауы æхсæвы фынгæй æцæгæлонæн хæрын нæ фæтчы, хæдзары, сыхы сылгоймаджы хъæлæба нæ фæтчы — бæркад сафы, æмæ афтæ дарддæр.
ЧЫНДЗЫ ХЫЗ — сывæллон райгуыры æмæ бахъомыл вæййы йæ ныййарджыты хæдзары. Уымы фарнæй фæхайджын вæййы, Бынаты бардуаг ыл фæауды. Лæппу æдзухдæр ис уыцы аудындзинады бын. Чызг та куы бахъомыл вæййы, уæд æй йæ мойы хæдзармæ ацæуын бахъæуы. Йæ райгуырæн къона йын свæййы цæгат, йæ мойы хæдзар та – хурæргом, йæ царды фылдæр хай кæм арвиты, цот кæм скæны, хорзæй кæм базæронд вæййы, ахæм.
О, фæлæ йыл йæ чындзы цæуæн бон хыз цæмæн æркæнынц? Нæ фыдæлтæ сæ цардфæлтæрддзинадæй куыд раиртæстой, афтæмæй адæймаджы алыварс æдзухдæр зилдухæн кæнынц хæлар æмæ хæрам тыхтæ. Хæлар йæ зын царды йæ æнцой æрбалæууы, хæрам та йын йæ размæ цæлхдуртæ æвæры, цæмæй фæкæла, фæтыхса, цæмæ тырны, уый йæ къухы ма бафта. Адæймаг та, дам, йæ тæккæ лæмæгъы вæййы йæ амонд агургæйæ.
Уыцы рæстæг Сафа, Сæрзæд æмæ Бынаты бардуаг йæ фарсмæ æнгом æрбалæууынц æмæ йæм хæрам тыхтæ æввахс нæ фæуадзынц. Лæппу уыдон æвджид баззайы, фæлæ чызджы йæ чындздзон уæлæдарæс скæныны размæ йæ ныййарджыты хæ-
дзары уыдонæй ракурынц, æмæ йæм ницыуал бар фæдарынц. Уыцы рæстæг, йæ чындздзон фæндаджы рæстæг, йæ амонды фæндаг вæййы æппæты тæссонддæр. Æмæ йын цæмæй, йæ ныййарджыты къæсæрæй ахизгæйæ, сæ Бынаты бардуаджы аудындзинадæй фæиппæрдуæвгæйæ æдде йæ амондæн мацы ратых кæна, уый тыххæй йыл, кæй аудындзинады фæрцы бахъомыл, уыцы Сафайы, Сæрзæды, Бынаты бардуаджы бын хыз æркæнынц. Уыдонæй йæ ракурынц къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын йе ‘фсымæры барлæвæрдæй. Сæ фарн, сæ хъомыс сын ууыл бафтаугæйæ. Æмæ хыз свæййы йæ хъахъхъæнæг, цалынмæ йæ мойы, йæ хурæргом хæдзары Бынаты бардуагмæ йæ сæр бакъул кæны, уæдмæ. Хъахъхъæны йæ, мах кæй нæ уынæм, афтæмæй нæ алыварс цы амонд сафæг тыхтæ ис, уыдоны фыдæхæй, цæстдзыдæй. Йæ хызисыны агъоммæ та йæ хистæртæ бафæдзæхсынц, йæ сæр цы къонамæ æркъул кодта, уый фарныл, æмæ йæ хызы сæр нал фæхъæуы. Йæ ног хæдзары Сафа, Сæрзæд æмæ Бынаты бардуаг свæййынц йæ хъахъхъæнджытæ.

МЫДЫКЪУС — ног чындз йæ мойы хæдзармæ цæмæй фарны къах æрбавæра, амонд æрбахæсса, уый нысанæн бирæ рæсугъд ирон æгъдæуттæ ис. Уымæ арæзт у, йемæ цы мыдыкъус æрбахæссы, уый дæр. Мыдыкъус вæййы аив бæрцуат, æмæ йыл йæ ног бинонтимæ æнгом царды фарн кæй бафтауынц, уымæ гæсгæ свæййы табуйаг, бæрæг аив ран æй сæвæрынц. Мыдыкъус ног чындз йемæ æрбахæссы мыд æмæ царв иумæ змæстæй. Ацы дыууæ хæринаджы иумæ тынг фидауынц, кæрæдзийы хæрзаддæр кæнынц. Хицæнтæй хæргæйæ, адæймаджы зæрдæйыл афтæ дзæбæх не ‘мбæлынц, уайтагъд сæ фæхъыг вæййы. Иумæ та æнцон хæрæн сты, хæрзад сты. Ног чындз æмæ йæ ног бинонтимæ, уæлдайдæр та йе ‘фсинимæ, мады хуызæн ын чи хъуамæ суа, уыимæ ахæм æнгомдзинадмæ бæлгæйæ, равзæрд æгъдау ног чындзы Мыды-
къус. Йæ хурæргом хæдзармæ йæ йæ цæгатæй æрбахæссы æртæ уæливыхимæ. Уыдон æй кæнынц ноджы кадджындæр æмæ арфæйагдæр. Ног чындзæн йæ хыз сисыны агъоммæ сæ хистæртæ скувынц, Бынаты бардуагыл æй бафæдзæхсынц æмæ хызисæгæн бар радтынц чындзæн йæ хыз сисынæн. Хистæр устытæм ын йæ цæсгом куы равдисынц, уæд ралæууы Мыдыкъусы æгъдау дæр, æмæ дзы ног чындз æппæты фыццаг барæвдауы йе ‘фсины: мыд æмæ царвы змæстæй йын чысыл уидыджы йæ дзыхмæ бахæссы. Раст сывæллонæн хæринаг куыд дарай, афтæ. Уый дæр бирæ цæуылдæрты дзурæг у, æмæ ацы æгъдауæн аккаг аргъ чи скæны, уыцы æфсин æмæ чындз мад æмæ чызджы цард райдайынц.
Мыдыкъусы хæринагæй чындз бахаты иннæ хистæр устытæм дæр. Уый тыххæй Мыдыкъусимæ æрбахæссы цалдæр чысыл уидыджы. Уыцы уидгуытæ хорзы нысанæн баззайынц, мыдамæстæй чындз кæмæн саходын кодта, уыцы устытæм. Уыдон та йын фæзæгъынц: «Ацы мыд куыд адджын у, афтæ адджынæй дæ бинонтимæ фæцæр». Стæй йын скъоладзауы кары лæппутæ йæ къухæй Мыдыкъус аскъæфынц æмæ йæ фæсвæд æхсызгонæй айафтид кæнынц, æмæ къус фæстæмæ æфсинтæм бахæссынц. Ацы æгъдауы рæзгæ фæлтæр кæй архайынц, уый дæр дзурæг у йæ хорздзинадыл, царды цыдыл.
Цгъойты Хазбийы чиныг
«Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат»-æй