Дзæуджыхъæуы тхэквондойы галуаны 29-30 ноябры цыд Уæрæсейы регионты ’хсæн турнир «Митын фыранкы кубок» рамбулыныл ерыстæ. Архайдтой дзы Уæрæсейы 13 регионæй æрбацæуæг 425 æрыгон (12-14-аздзыд) æмæ фæсивæдон кары (15-17-аздзыд) чызджытæ æмæ лæппутæ.
Ерыстæ аразæг у РЦИ-Аланийы Тхэквондойы федераци. Йæ нысан у ацы олимпиаг хъæзтыты уæвæг спорты хуыз парахатдæр кæнын фæсивæды ’хсæн. Ахæм турниртæ тынг хъæуынц æрыгон спортсменты сæ арæхстдзинад æмæ фæразон-
дзинад фидардæр кæнынæн.
Дзæуджыхъæумæ турниры архайынмæ чи ‘рбамбырд, уыдоны ’хсæн уыди, ныридæгæн спорты бæрзæндтæм чи тырны, бирæ ахæм тхэквондисттæ. Нæ кæстæр фæлтæры архайдмæ æдзынæгæй чи касти, уыдоны ’хсæн уыдысты, æрæджы Европæйы чемпионаты чи фесгуыхт, уыцы спортсментæ – Цакъоты Сæрмæт, Гуырцъыты Георги æмæ Алинæ Григорян.
Европæйы æртæ хатты чемпион æмæ Уæрæсейы дыууæ хатты чемпион Цакъоты Сæрмæт турниры тыххæй загъта: «Ахæм ерыстæ тынг пайда сты æвзонг спортсменты дæсныдзинады рæзтæн. Æз хорз хъуыды кæнын, ацы кары ма куы уыдтæн, уæд куыд тырныдтон ерысты фылдæр архайынмæ. Алы фембæлды фæстæ дæр-иу архайдтон мæ рæдыдтытæ сраст кæныныл. Уыцы хъуыддаджы-иу нын бæлвырд амонæг уыдысты нæ тренер Хлойты Тамерлан æмæ нæ хистæр тхэквондисттæ. Ныр та æз мæхицæн хæсыл нымайын нæ абоны кæстæртыл аудын æмæ сæ рæдыдтытæ сраст кæнынæн æх-
хуыс кæнын. Нæ турнир, æнæмæнг, у уыцы хъуыддаджы пайдахæссæг, æмæ бузныг зæгъын хъæуы йæ саразджытæн, æмæ сын æххуыс чи кæны, уыцы хæрзгæнджытæн!»
Ерыстæ дыууæ кары дæр рауадысты цымыдисаг. Ирыстойнаг чызджытæ æмæ лæппутæн бантыст уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсын. Турниры хицæн спортсментæй уæлдай, бæрæггонд цыдысты командон бынæттæ дæр.
Фæсивæдон кары лæппутæ æмæ чызджыты баллтæ иумæ нымайгæйæ, уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ систы: 1-аг – Дагестан – 1798 баллы, 2-аг – РЦИ-Алани – 644 баллы, 3-аг – КБР – 512.
Тхэквондойы олимпиаг фæстауæрцгæнæг спортивон скъолайы пресс-службæйы кусæг Гобозты Агуындæ куыд зæгъы, афтæмæй, ерыстæ цæмæй æнтыстджын æмæ æнæкъуылымпыйæ ацæуой, ууыл бацархайдтой РЦИ-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты министрад, Дзæуджыхъæуы администрацийы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитет, кусæнуæттæ «Бухардон» æмæ EYES TOUR.
БАСКАТЫ Уырызмæг














