Муниципалон депутатты æппæтуæрæсеон форум

0
17

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæй регионалон закъонæвæрынадон æмбырдтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты уæнг чи у, уыцы депутаттæн Мæскуыйы уыд æппæтуæрæсеон форум. Алы уæрæсе-
йаг регионтæй уыцы уæрæх æмбырды архайдтой 300 делегатæй фылдæр.

Партийы раздзог Дмитрий Медведев пленарон æмбырды йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бæстæйы регионты муниципалон оргæнты чи кусы, уыцы депутаттæн сæ 84 проценты (бæлвырд нымæцтæй та – 130 мин адæймагæй фылдæр) бæрц сты «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ.

«Муниципалон депутаты куыст партийы минæвæрттыл æвæры уæлдай бæрнондзинад. Не ’мбæстæгтæ æрвылбоны царды цы тыхстаг фарстатæ бавзарынц, уыдон комкоммæ сымах размæ рахæссынц. Æмæ сымах цас лæмбынæг уат æвзарджыты курдиæттæм, лыггæнинаг фарстатæ аиуварс кæныныл куыд архайат, уымæй аразгæ у æвзарджытимæ æнгом бастдзинад», – бафиппайдта партийы сæрдар.

Дмитрий Медведев, 2026 азы архайды пълантыл дзургæйæ, «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæртты размæ бæлвырд нысантæ сæвæрдта. Йæ ныхасмæ гæсгæ, æппæт æмвæзады депутатты фыццаградон хæстæй иу уыдзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æппæтвæрсыг æххуыс. «Сымахæй бирæтæ уыцы фарстайыл æрвылбон кусынц: чи гуманитарон æмæ æндæр хъæугæ æххуыс æрвиты сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ, чи та æфсæддонты бинонтыл ауды… Æппæт уыцы фарстатыл куыст адарддæр кæнын хъæудзæн фидæн азы дæр. Бæстæйы Президент не ’ппæты размæ дæр цы вазыгджын нысантæ æмæ хæстæ æвæры, цалынмæ уыдон къухы нæ бафтой, уæдмæ», – загъта докладгæнæг.

Зындгонд куыд у, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæй бирæтæ æвзæрст æрцыдысты алы æмвæзады закъонæвæрынадон оргæнты депутаттæй. Зæгъæм, ацы аз минæварадон оргæнты депутаттæ систы 890 хæстоны. Уыдонæн сæ фылдæр – муниципалон оргæнты. Форумы архайджытæ фæндæттæ бахастой, ног æвзæрст депутатты куыст куыд фæахадгæдæргæнинаг у, цавæр хъуыддæгты сæм фæкæсын хъæуы, æппæт уыдæтты фæдыл.

Ацы æмæ боны фæткы æппæт иннæ фарстатæ дæр сæ бынат ссардтой форумы уынаффæты: «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæйы уагæвæрдтæ, 2026 азы æвзарæн кампанимæ цæттæ кæнын, æвзарджыты курдиæттимæ куыст, партийы райдиан хайæдты архайд æмæ афтæ дарддæр.

Цæгат Ирыстонæй æмбырды архайæг уыдысты федералон конкурс «Адæмон депутат»-ы регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæ – Плиты Зæлинæ æмæ Дзгойты Станислав.

«Форумы куыстæй разыйæ баззадтæн. Пленарон æмæ секцион æмбырдты бирæ ахсджиаг хъуыддæгтыл рауад ныхас, базонгæ стæм иннæ регионты депутатты архайды фæлтæрддзинадимæ… Бацархайдзынæн мæ фидæны куысты уыцы зонындзинæдтæй спайда кæныныл», – фæстæдæр йæ хъуыдытæ раргом кодта
Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутат, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Дзгойты Станислав.

 

САНАТЫ Альбинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here