Дзæуджыхъæуы уыд Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы ацы азы кæронбæттæн æмбырд. Фембæлды архайæг уыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО дæр.
Палатæйы уæнгтæ æрдзырдтой фæстаг азты куысты бæрæггæнæнтыл, стæй фæбæрæг кодтой хæстæгдæр рæстæджы архайды фыццаградон нысантæ.
Сергей Меняйло йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй хицаудзинады оргæнтæ æмæ граждайнаг æхсæнады институтты иумæйаг архайды стратегион нысан у регионы мидполитикон нывылад хъахъхъæнын æмæ республикæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзтæн зæрдæзæгъгæ фадæттæ аразын. Регионы разамонæг хорз аргъ скодта, Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ рæгъмæ цы ахсджиаг хъæппæристæ рахæссынц, цы вазыгджын хъуыддæгтыл бакусынц, уымæн.
– Æхсæнадон палатæ æнгом æмархайд кæны паддзахадон хицаудзинæды оргæнтимæ – уый фæрцы ахадгæ ивддзинæдтæ æмæ ногдзинæдтæ зыны регионы æрвылбоны царды. Иумæйаг хъарутæй бирæ арфæйаг хъуыддæгтæ саразын бантыст, ноджы фылдæр фарстатыл та фидæны бакусын хъæудзæн. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æппæтвæрсыг æххуыс, республикæйы цæрæг адæмты ’хсæн национ фидыд æмæ хæлардзинад фидардæр кæнын, регионы æхсæнадон-политикон уавæры нывылад æмæ дарддæры социалон-экономикон размæцыдæн фидар бындур æвæрын – ацы æмæ иннæ вазыгджын фарстатыл дарддæр дæр иумæйаг уынаффæйæ кусдзыстæм, – загъта Сергей Меняйло.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ адæмы æндæр къордтæн цæрæнуæттæ льготон фæткыл дæттын, цæрджыты ’хсæн ахадгæ æмбарынгæнæн куыст кæнын, паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты уагæвæрдтæ царды уадзын, регионы инвестицион хъомыс фидардæр кæнын – ацы фарстаты фæдыл дæр сæ хъуыдытæ загътой æмбырды архай-джытæ.
Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Æхсæнадон палатæйы разамонæг Нинæ Чиплакова æмæ иннæ раныхасгæнджытæ сæрмагондæй фæбæрæг кодтой хицаудзинады оргæнтæ æмæ æхсæнадон институтты ’хсæн комкоммæ ныхас æмæ æнгом æмархайды ахадындзинад.
Фембæлды кæронбæттæны РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы арфæйы фыстæджытæй Цæгат Ирыстоны граждайнаг æхсæнады дарддæры райрæзтыл зæрдиаг куысты тыххæй хорзæхджын æрцыдысты палатæйы уæнгтæ Гокъоты Алан, Майрæнсауты Зураб, Пхалæгаты Сергей æмæ Рубайты Еленæ.
КАЛМАНТЫ Аслан














