Фæкæсинæгтæн – æххуыс

0
50

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фараст цæгатирыстойнаг архайæджы ифтонггонд сты спортæй архайынæн ахъазгæнæг нырыккон протезтæй.

Уымæй уæлдай, фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы цæгатирыстойнаг хайад сæрмагонд æфсæддон операцийы æртæ архайæгæн ратта къухæй скъæрынимæ хæдтулгæты дæгъæлтæ. Фонд æмцегад кæуыл кæны, ацы азæй фæстæмæ уыцы адæмæн ис удæнцой адаптивон уæлæдарæсы комплекттæ исыны фадат. Специалисттæ хъыгдардбаййафæг æфсæддон службæгæнджытæн æххуыс кæнынц цæрæнуæттæ сæ домæнтæн рацаразыны. Фатертæ æмæ хæдзæрттæ ифтонггонд æрцæуынц демобилизацигонд æфсæддонты удæнцойдзинадæн ахъазгæнæг системæ «умный дом»-æй, хъæдæрмæгæй арæзт хæдзарон дзаумæттæй, æвæрд æрцæуынц пандустæ æмæ æндæртæ.

Курдиат барвитынæн, кæнæ лыстæг хабæрттæ базонынæн адæймаджы хæс у 8(8672) 54-88-89 телефонæй амынд Фондмæ фæдзурын, науæд та хъыгдардбаййафæг адæймæгтæй алкæмæ дæр фидаргонд социалон цæстдарджытæй хабæрттæ сбæлвырд кæнын.

Фиппаинаг: нæ республикæйы чи кусы, бархионты уыцы къордтæ не ’фсæддонтæн æххуыс кæнынц æрвылбоны фарстатæ лыг кæнынæн. Бархионтæ цæрæнуæттæ бафснайынц, фæкæсинаг адæймæгтæм хойраг, хостæ æмæ арæзтадон æрмæ-
джытæ бахæццæ кæнынц, стæй æндæр хъуыддæгтæ аразынц.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here