Хистæртæн – зæрдиаг лæвæрттæ

0
56

Йæ тæмæны бацыд 2026 азы фыццаг æмбисæн газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны рæстæг. Ирондзинадыл, ирон адæмы æгъдæуттыл, мадæлон æвзагыл  иузæрдион адæймæгтæ аудынц нæ иунæг ирон газет «Рæстдзинад»-ыл. Алы хуызты архайынц, цæмæй йæ тираж зынгæ фæфылдæр уа, ууыл.

Уыцы Хуыцауысконд адæймæгтæй иу у Фыййагдоны поселочы æрбынæттон уæвæг фæсивæдон центр «Барс»-ы сæргълæууæг Бутаты Игорь. Бутайы-фырт у æцæг ирон, уæздан  нæртон гуырд, æнувыд мадæлон æвзагыл. Игорь Фыййагдоны поселочы  цæрджытæн йæхи бауарзын кодта йæ зæрдæхæлар æмæ цæст-уарзондзинадæй. Фыдæлты фарн цудын нæ уадзы, аив – йæ рацыд, бæстон – йæ архайд. Æцæг ирон адæймагæн йæ цард æгъдауыл æнцой кæны. Æрвылбон дæр хæсау цавæрдæр æгъдауы лæуд вæййы. Кæстæрæн зонд бацамонын, царды раст фæндæгтыл æй сæвæрын, хистæрыл баузæлын, фæлмæн ныхасæй йæ барæвдауын – æппæт уыдæттæ дзурæг сты адæймагæн йæ хæрзæгъдаудзинадыл, йæ удыхъæды хуыздæр миниуджытыл. Æмæ ахæм æвæрццæг миниуджытæй хайджын у мæ уацхъуыды хъайтар Бутаты Игорь. Уый йæ хæсыл банымадта иуцалдæр ацæргæ адæймагæн  Ног азмæ зæрдиаг лæвæрттæ ракæнын. Барæвдыдта  сæ ирон фарнтауæг газет «Рæстдзинад»-æй, йæхи хардзæй сын æй рафыста. Уадз æмæ, дам, ног 2026 азы фарны  хабæрттæ кæсой сæ уарзон адæмон газеты фæрстыл.  Гъемæ,  йæ бæркад фылдæрæй-фылдæр кæнæд, уæлейæ исгæ – бынæй ахадгæ уæд! Цы схардз кодта, уый йæм æрвылбон  авд ахæмæй здæхæд!

Зынаргъ Игорь, ды хистæрты барæвдыдтай сæ уарзон газетæй, дæхи та дын Дунесфæлдисæг фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгадæй барæвдауæд! Зæрдиаг лæвæрттæ кæмæн ракодтай, уыдоны номæй дын зæгъын стыр бузныг! Дæ ирондзинад макуы фæцудæд! Зæххон царды адæмы фарнæй тыхджындæр ницы ис, æмæ дзы хайджын у!

Гъе, мардзæ, нæ сæрæн лæппутæ, нæ амалхъом кæстæртæ,  ма бауадзут фæцудын нæ иунæг ирон газет «Рæстдзинад»! Бафæзмут Бутаты Игоры. Уæ сыхæгтæн, уæ хиуæттæн, хистæр кары адæймæгтæн рафыссут ирон газет. Бацархайут, цæмæй нæ адæмон газетæн йæ тираж зынгæ фæфылдæр уа, ууыл!

 

Фæрниаты Рая,
Уæллаг Фыййагдоны цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here