Советы съезды архайдта

0
59

Æрæджы Мæскуыйы Николай Бауманы номыл паддзахадон техникон университеты бæстыхайы чи уыд, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты экономикæ æмæ уынаффæйады факультеты студент Дойаты Зауырбег архайдта Уæрæсейы Ахуырады министрады ахуырдзауты советы уыцы дыккаг съезды.

Æппæт бæстæйæ цыппар боны дæргъы ахæссæг съездмæ æрбацыдысты студентты хиуынаффæйады раздзогтæ.

Ног хабæрттæ базонынæн ахъазгæнæг æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой ахуырады дарддæры рæзтимæ баст мæнæ ахæм фарстатыл:

«Нырыккон фæсивæд æмæ йæ хæзнатæ»;

«Студентты хиуынаффæйад æхцайæ ифтонгад»;

«Социологийы ахадындзинад студенттæн, уæлдæр скъола æмæ паддзахадæн».

Æвзæрсты æппæт къæпхæнтæ ацæуæг Зауырбегæн раттой бæстæйы Ахуырады министрады фæндонхæссæг оргæны уæнг суæвыны фадат. Ацы оргæн сарæзтой сæйраг фарстаты фæдыл – социалон æххуысы къабазы паддзахадон политикæ æххæст кæнынæй бæстæйы университетты фæсивæдон æмæ хъомыладон куысты райрæзты онг – студентты хъуыдытæ хынцынæн.

Советы куысты архайд нымад у канд студенты цæттæкæнынады бæрзонд къæпхæны æвдисæныл нæ, фæлæ ма æппæт Уæрæсейы ахуырдзаутыл æххæссæг уынаффæтæ хæссыныл ахадыны фадатыл дæр.

Нæ активистæн, уæрæсейаг студенттæн райдзаст фидæн аразыны фадат цæмæй уа, уый йын нæ зæрдæ зæгъы!

 

Геннадий Родионов,

ЦИПУ-йы экономикæ
æмæ уынаффæйады
факультеты декан

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here