Æххуысы хъæппæрис

0
43

Паддзахадон  Думæ æртыккаг бакастæй сфидар кодта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрис, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæцæф, уыдонæн медицинон-æфсæддон къамисмæ æмæ фæстæмæ цæуæггаг лæвар скæныны тыххæй.

Закъон райсыныл æмæ йæ Президенты амындмæ гæсгæ царды рауадзыныл бахæс кодта «Иугонд Уæрæсе»-йы Сæрдар Дмитрий Медведев. «Æфсæддон службæгæнджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы документтæй ацы закъон у нымадмæ гæсгæ 151-æм», – бафиппайдта Паддзахадон Думæйы Хъахъхъæнынады комитеты сæрдар Андрей Картополов.

«Ныр бархионтæй уæззау уавæры чи бахауд, уыдоны бинонтæ æмæ æввахс
хæстæджытæй дыгæйттæй сæ цæрæн бынæттæм дзæбæх кæныны рæттæм æмæ фæстæмæ цæуыны аргъ уыдзæн лæвар. Уыцы уагæвæрдтæ  барадон уаг æмæ Уæрæсейы Президенты уынаффæмæ гæсгæ æвæрд цæуынц нормæмæ гæсгæ», – загъта уый.

Партийы Генералон Советы нымæрдар Владимир Якушевы ныхасмæ гæсгæ, закъоны проект арæзт у, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ-иу бирæ хатт цы æнахуыр уавæрты бахаудтой, уыдон аиуварс кæныны ныхмæ. Уæззау цæфтæ æмæ зынтæй дзæбæхы фæстæ-иу дохтырон-æфсæддон экспертизæйы ацæуынæн
хæстонты бахъуыд фæндаггаг сæхи хардзæй фидын. Уымæй уæлдай ма закъоны хъахъхъæд цæуынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæй 18 азы онг скъолайы фæстæ уæлдæр, кæнæ, астæуккаг ахуырадмæ чи нæ бацыд, уыдоны æххуысы бартæ 1 сентябры онг. Закъоны проект Паддзахадон Думæмæ «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæ бахастой 2025 азы августы мæй.

«Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады нымæрдар, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Едзойты Марат куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны дæр бирæ æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн.

«Уыдонмæ хауынц материалон æххуыс æмæ хъалонты льготæтæ, цæрæн хæдзæртты æмæ коммуналон лæггæдты фиддонты иу хай фæстæмæ раттыны хъуыддæгтæ», – фæбæлвырд кодта уый.

Иугонд Уæрæсе»-йы парламентон фракци бахæссы хъæппæристæ куыд хæстонтæ, афтæ сæ бинонтæн баххуысы тыххæй дæр: сывæллоны, кæм цæры, уырдæм хæстæгдæр паддзахадон скъоламæ раивын; 1-11 къласы онг ахуырдзаутæн лæвар дыууæхаттон тæвд хæринаг дæттын; бинонтæн социалон æмæ æндæр фиддонты гæххæттытæ бацæттæ кæныны æххуыс; лæвар психологон æххуыс; сывæллæттæн республикæйы фæллад-уадзæн стæй санаторон-курортон организацитæм лæвар балцæгтæ дæттын. Уымæй уæлдай, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн сæ бон у лæвар юридикон æххуысæй пайда кæнын, уыимæ «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон æхсæнадон
хайады дæр.

Партийы регионалон хайады нымæрдар, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло комкоммæ эфиры йæ æрвылазон раныхасы фехъусын кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн цæрæн хæдзæрттæ аразынæн зæххы хæйттæ радих кæныны программæйы тыххæй. Уый фадат ратдзæн бирæ хæстонтæн сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн».

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонты уæнгтæн æххуыс хауы «Иугонд Уæрæсе»-йы Адæмон программæмæ æмæ у партийы ахсджиагдæр нысантæй иу, – загъта йæ ныхасы кæрон Едзойты Марат.

 

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here