Адæмы хицæн къордтæн (уыдонимæ ветерантæ æмæ инвалидтæ дæр) цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты аргъ бафидыны фæдыл социалон æххуысы мадзæлттæ раттынæн Уæрæсейы Хицауад Цæгат Ирыстонæн рахай кæндзæн 60 милуан сомы бæрц æхцайы фæрæзтæ.
Бæстæйы премьер-министр Михаил Мишус-тин бафыста æмбæлгæ бардзырд. Документ куыд амоны, афтæмæй, æмткæй райсгæйæ, 2,8 миллиард сомы бæрц æхцайæ æххуыс райсдзысты 43 уæрæсейаг регионы.
– Ныхас цæуы ветерантæн, инвалидтæн, стæй радиацион кæнæ техногенон фыдбылызты аххосæй хъыгдардбаййафæг адæймæгтæн социалон æххуысы мадзæлттыл. Ацы адæмæн дæттæм цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты аргъы фæндзай проценты онг компенсаци. Ахæм хъуыддæгтыл регионты хæрдзтæ бахгæндзыстæм федералон бюджеты хардзæй, – загъта Хицауады минæвар.
Нæ уацхæссæг














