Юридикон клиникæ ногæй скуыста

0
23

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты кадджын уагæй байгом кодтой ноггонд юридикон клиникæ.

Социалон уагæй ахадгæ ацы ахуырадон проекты фæткмæ гæсгæ, ахуыргæнджытæ æмæ специалистты разамындæй студенттæ-юристтæ лæвар барадон æххуыс кæн-
дзысты фæкæсинаг адæймæгтæн. Проект æххæст кæнынц Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат, æртæ хатты олимпиаг чемпион, амынд ахуыргæнæндоны юридикон факультет кастфæуæвæг Таймазты Артуры æххуысæй. Таймазы-фырты аудынады фæрцы цалцæггæнæн куыстытæ æххæстгонд кæй æрцыдысты, æмæ клиникæйы кусæнуæттæ нырыккон кусæнгæрзтæй ифтонггонд кæй сты, уыдæтты руаджы фидæны юристты практикон уагæй цæттæ кæнынæн фæзындысты удæнцой уавæртæ.

Юридикон клиникæ гом кæныны кадæн арæзт кадджын æмбырды архайдтой ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур, Цæгат Ирыстоны адæймаджы æмæ сывæллоны барты фæдыл бæрнджынтæ Кокайты Артур æмæ Плиты Тамарæ, стæй иннæтæ.

Æмбырды архайджыты раз ныхас кæнгæйæ Огъуайы-фырт загъта:

– Нæ университеты райрæзтмæ аккаг æвæрæн бахæссыны тыххæй Таймазты Артурæн бузныг. Ацы проект ахъаз кæндзæн юридикон ахуырады рæзтæн. Юридикон клиникæйы фæрцы студенттæн уыдзæн хи зонындзинæдтæй практикон уагæй спайда кæныны, æцæг барадон фарстатыл сæмбæлыны æмæ ахадгæ уынаффæтæ агурыныл сахуыр уæвыны фадат. Теори архайдмæ кæм раивы, юридикон клиникæ банымайæн ис царды ахæм æцæг ахуыргæнæндоныл.

– Ацы хъуыддаг саразын баххуыс кæныны фæдыл мæм чи бахатыд, уы-
цы адæмæн разыйы дзуапп радтон, уымæн æмæ ныртæккæ ацы проект нымад у иттæг ахсджиагыл. Центрмæ æрбацæуæг адæмæн (ныхас цæуы нæ хистæртыл, бирæсывæллонджын бинонтыл æмæ æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ адæймæгтыл) уыдзæн профессион юридикон уынаффæтæ райсыны фадат. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинойнæгтæн чи æххуыс кæндзæн, ам сарæзтам ахæм хицæн дæлхайад дæр. Ацы цент-
ры фæрцы университеты студенттæ практикон уагæй кусдзысты. Фæлтæрд-
дзинадæн юристы куысты ис стыр ахадындзинад, –загъта Таймазы-фырт.

Юридикон клиникæ цы бон байгом, уыцы бон Таймазты Артур, стæй студенттæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ бахатæг сæм адæймæгты курдиæттæм байхъуыстой. Æрбацæуæг адæмæн дарддæры юридикон æххуысы фæтк бæлвырдгонд æрцыд.

Клиникæйы куыстмæ цæст дардзæн студентты зондамонæг, Уæрæсейы Юристты ассоциацийы аппараты разамонæджы хæдивæг, амынд ассоциацийы цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Лазарты Алан.

2019 азы профессор, Цæгат Ирыстоны Конституцион тæрхондоны раздæры сæрдар Къесаты Станиславы фæндонæй сарæзтой ЦИПУ-йы юридикон клиникæ. Клиникæйы куысты архайдтой бæрзонд ахуырадон бæрæггæнæнтæ ’вдисæг студенттæ. Ахуыргæнджытæ-практикты разамындæй студенттæ хъусын кодтой клиникæмæ бахатæг адæймæгтæн лæвар юридикон уынаффæтæ. Техникон æууæлтæ нымайгæйæ, фæстæдæр клиникæйы куыстæн рæс-
тæгмæ кæрон сæвæрдтой. Инфраструктурæ сног кæныны фæстæ проект ногæй рæзын райдыдта.

 

Цæгат Ирыстоны
паддзахадон
университеты
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here