Цæгат Ирыстоны Алайнаг гимназ бахастой мадæлон æвзаг ахуыр кæныны, этнокультурон æмæ æвзæгты алы хуызтæ бахъахъхъæныны федералон сæйраг хызмæ.
Уыцы федералон сæйраг хыз фæзынд 2025 азы Уæрæсейы Рухстауæн министрады æххуысæй Мадæлон æвзæгты федералон институты. Йæ размæ æвæрд ис мадæлон æвзæгтæ ахуыр кæныны, уыдон амоныны, этнокультурон æмæ æвзæгты алы хуызтæ бахъахъхъæныны хæстæ.
Алайнаг гимназ сæйраг хызмæ бахастой, полилингвалон ахуырады йæ дæргъвæтин фæлтæрддзинад æмæ удварны-хæрзæгъдаудзинады хъомылады руаджы. Сæйраг хызтæ кусынц ахадгæ педагогон фæлтæрддзинад парахат, иннæ ахуыргæнæндæттæн методикон æххуыс кæныныл æмæ ахуыргæнджыты цæттæдзинады райрæзтыл.
Сæйраг хызы мидæг фæзындзæн Этнокультурон бындуримæ ахуыргæнæндæтты ассоциаци. Уый фæрцы фæлтæрддзинадæй хай кæныны фадæттæ фæпарахатдæр уыдзысты, федералон æмвæзады æмгуыстад фæтыхджындæр уыдзæн. Афтæмæй мадæлон æвзæгтæн æххуыс лæвæрд цæудзæн, ахуырады та этнокультурон бынтæ хъахъхъæд цæудзысты.
Æнæмæнг, Алайнаг гимназ сæйраг хызмæ бахæссыны хъуыддаг у этнокультурæйы ахуырады рæзтыл дзурæг, Уæрæсейы бирæ æвзæгты хуызтæн ахъаззаг æххуыс.
Нæ уацхæссæг














