Ног азы бæрæгбæттæ куыд скæндзысты Цхинвалы

0
45

Сæйраг Ног азы назбæлас байгом кодтой 26 декабры Театралон фæзы, архайдта дзы Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан.

Сывæллæттæн бацæттæ кодтой хиирхæфсæн программæ ирон æвзагыл, йæ архайджытæ сты республикæйы хореографион æмæ вокалон коллективтæ. Сæйраг назбæлас байгом кæныны архайджытæ уыдзысты Паддзахадон драмон театры актертæ.

Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Дзæгъойты Радæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы хатт егъау концерттæ нæ бацæттæ кодтой, «… ныртæккæ рæстæг зын у, сæрмагонд æфсæддон операцийы бирæтæ фæмард сты. Салюттæ æмæ кады мадзæлтты афон нæу. Фæлæ уæддæр сывæллæттæн 3,4, 5, 6 январмæ бацæттæ кодтам бæрæгбоны ирд, цымыдисаг программæ. Нæ чысыл хæлæрттæ йæ фендзысты Паддзахадон драмон теарты сценæйыл», – загъта министр.

Хуссар Ирыстоны Президенты назбæлас байгом кæндзысты 5 январы, Цхинвалы, Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны. Сæ фыдæлтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы кæмæн фæмард сты, уыцы сабитæ бакæсдзысты бæрæгбоны равдыстмæ.

Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны 3-9 январы чысыл сабитæн скæндзысты ногазон равдыст. Билеттæ дихгонд цæудзысты скъолаты 1-æм æмæ 4-æм къласы онг.

Уæрæсеимæ æмгуыстады сконд Культурæйы, фæсивæды æмæ спорты цхинвайлаг управлениимæ скæндзысты бæрæгбоны «Ногазон поезд». Проекты архайджытæ уыдзысты республикæйы районты цæрджытæ.

Конд ма æрцæудзæн бæрæгбоны æндæр ма-
дзæлттæ дæр.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here