Афæдзы фыццаг кусæг балц – Алагиры районмæ

0
44

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы æмбырд. Куыд фæстаг дыууæ азы, афтæ ацы аз дæр депутаттæ райдыдтой сæ кусæг балцытæ республикæйы районмæ. Ацы аз уый уыд фыццаг ахæм балц, æмæ се ‘мбырд ахастой Алагиры районмæ. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Советы уæнгтæ æрныхас кодтой Алагиры районы социалон-экономикон рæзты ивгъуыд азы бæрæггæнæнтыл æмæ сбæрæг кодтой ацы азы ахсджиагдæр нысантæ. Æмбырд гом кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз бафиппайдта районы размæцыды æнтыстытæ.

– Ивгъуыд азы бюджет рауад æфтиагджын, район цы хæс дардта, уый 1,5 милуан сомæй фæкъаддæр, фæстаг дыууæ азмæ та фæкъаддæр 10 милуан сомæй. Уый, æнæмæнг, у хорз бæрæггæнæн. Царды уагъд цæуынц национ проекттæ æмæ
программæтæ. Фæлæ ис æнæлыггонд фарстатæ дæр. Æфтиæгты бæрц цæмæй фæфылдæр уа, пъланы бæрæггæнæнтæ та ноджы фæхуыздæр уой, уымæн районæн ис æппæт гæнæнтæ дæр», – загъта Парламенты Сæрдар.

Алагиры районы социалон-экономикон рæзты ивгъуыд азы бæрæггæнæнтыл æмæ ацы азы нысантыл ныхас кодта Алагиры муниципалон районы сæргълæууæг Демыраты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд азы бюджеты иумæйаг æфтиæгтæ рауадысты 1 миллиард æмæ 426 милуан сомы æмæ, уымæй размæйы азимæ абаргæйæ, фæфылдæр сты 13 проценты. Афтæмæй, 2025 азы бюджеты æфтиаг рауад 54 милуан сомæй фылдæр. Бюджеты хæрдзтæ баст уыдысты       бынæттон фарстатæ лыг кæнынимæ. Районы сæргълæууæг бæстон æрныхас кодта национ проекттæ «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ», «Бинонтæ», программæ «Скъолаты рацарæзт» æмæ, æндæр гæнæнты фæрцы сæм цы мадзæлттæ арæзт æрцыд, æрыгæтты патриотон хъомылады, туризм райрæзын кæныны, фæндæгтæ аразыны, æхсæнадон фæзуæттæ нывыл кæныны, коммуналон хæдзарад рацаразыны сæ къухы цы хъуыддæгтæ бафтыд, æппæт уыдæтты тыххæй.

Алагиры районы экономикон рæзты æмæ йæ размæ æвæрд нысантыл уыд йæ раныхас Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстаты æмæ социалон политикæйы комитеты сæрдар Остъаты Георгийæн. Депутат æрныхас кодта экономикон рæзты зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæнтыл. Зæгъæм, районы фылдæр кæнынц чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадгæнæг куыст-уæттæ; рæзы хъæууон хæ-
дзарад (хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ сæм ис 55), æмæ, дарддæр дæр цæмæй фылдæр кæной, ахæм гæнæнтæ сæм ис, уый тыххæй æххуысы хуызы районæн лæвæрд æрцыд 250 милуан сомæй фылдæр; цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады цыппар объекты æрцыдыс-ты цалцæггонд; программæ «Горæтаг царды æнцонвадат уавæртæ»-йы фæрцы рацарæзтой æртæ фæлладуадзæн бынаты.

Депутат ранымадта сагъæссаг фарстатæ дæр: 50 бинонтæ æнхъæлмæ кæсынц сæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ; рацаразинаг сты Алагиры æмæ районы иннæ цæрæнбынæтты сыгъдæггæнæнтæ, фæндæгтæ, бирæфатерон хæдзæрттæ сты бындурон цалцæггæнинаг, хуыздæрхъуаг у бастдзинад æмæ нымæцон технологиты райрæзт æмæ æндæртæ.

Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæ раныхас кодта, Алагиры районы социалон фарстатæ куыд лыггонд цæуынц, уый фæдыл. Районы ис 22 рæвдауæндоны, 16 скъолайы æмæ уæлæмхасæн ахуырады 3 кусæндоны. Депутат хорзыл банымадта, рæвдауæндонмæ сывæллон раттыны тыххæй ныййарджыты рады лæууын кæй нал хъæуы, уыцы хъуыддаг. Уыимæ, сагъæссаг у, скъоладзауты нымæц, уæлдайдæр хъæуты скъолаты, азæй-азмæ къаддæр кæй кæны, ахуыргæнджытæ, уыимæ æрыгон ахуыргæнджытæ, фаг кæй нæй, уый.

Районы центрон рынчындоны уавæрыл ныхас кæнгæйæ, Дойаты Светланæ йе ‘ргом аздæхта йæ материалон-техникон бындуры уавæрмæ, нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй хъуаг кæй æййафы, стæй дзы хицæн медицинон дæсныйæдты дохтыртæ, уæлдайдæр æрыгон дохтыртæ фаг кæй нæй, уымæ. Советы уæнгтæ куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй, Фыййагдоны чи ис, Пульмонологон æххуысы уыцы центр адæтдзысты Алагиры центрон рынчындонæн. Депутаты хъуыдымæ гæсгæ, æргом аздахын хъæуы Мызуры поселочы медицинон æххуысы лыггæнинаг фарстамæ. Дойаты Светланæ ма ныхас кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн, стæй æххуысхъуаг адæмы иннæ къордтæн районы социалон æххуысы мадзæлттыл, культурæйы къабазы уавæр æмæ æндæр фарстатыл.

Уымæй уæлдай, Советы уæнгтæ байхъуыстой, Алагиры районы бюджетон процессы районы Цæстдарæн-нымайæн палатæ куыд архайы, уый фæдыл амынд кусæндоны разамонæг Дзарасты Маринæйы раныхасмæ, стæй, ивгъуыд аз депутаттæ Алагиры район бабæрæг кæныны фæстæ сæ кусæг балцы фæдыл цы уынаффæтæ рахастой, уыдон куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый фæдыл Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Асланы раныхасмæ. Уыцы куыстæн аргъ скæнгæйæ, депутат йе ‘ргом аздæхта ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады лыггæнинаг фарстатæм æмæ сæрмагондæй загъта, Нары хъæуы Къостайы хæдзар-музей фæахадгæдæр кæныны æмæ йæ ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ сисыны уынаффæтæ æххæстгонд кæй нæма æрцыдысты, уый.

Раныхæсты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, районы цы социалон фарстатæ ис, уыдон алыг кæнын хауы канд Æнæниздзинад хъахъхъæнынады кæнæ Фæллой æмæ социалон рæзты министрадтæм нæ. «Уыцы хъуыддаджы бынæттон хиуынаффæйады оргæнты кусджытæ хъуамæ архайой ноджы разæнгарддæрæй», – загъта депутат.

Уыцы бон ма Тускъаты Таймураз фембæлд районы æрыгæтты минæвæрттимæ – спортивон ерыстæ æмæ алыхуызон ахуырадон олимпиадæтæ æмæ конкурсты архайгæйæ, æнтыстытæ сæ къухы кæмæн бафтыд, уыцы раззагдæр скъоладзаутимæ, студенттимæ æмæ царды алы къабæзты фæллойгæнæг æрыгон специалисттимæ. Фембæлд уыд Алагиры чиныгдоны. Архайдтой ма дзы Демыраты Вячеслав æмæ Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæу-
уæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бокоты Эльбрус.  Ныхас цыд фидæны дæсныйад равзарыныл, царды мидæг аккаг куыст ссарыныл, республикæйы фидæн æмæ æндæр фарстатыл. Цы бынат ахсы чиныг нырыккон нымæцон технологиты дуджы? Цавæр миниуджыты хицау хъуамæ уа адæймаг, цæмæй дзы рауайа дæсны разамонæг æмæ йæм уа адæмы сæргъы æрлæууыны ныфс? Фæсивæды ацы æмæ бирæ æндæр фарстытæн Тускъаты Таймураз биноныг дзуаппытæ лæвæрдта. Уæлдай арфæ Парламенты Сæрдар ракодта, ахуыргæнæджы дæсныйад чи равзары, уыдонæн.

– Ахуыргæнæг канд зонындзинæдтæ нæ дæтты, фæлæ ма у æрыгон патриотты хъомылгæнæг. Ахæм бæрнондзинад йæхимæ чи райсы, уыцы æрыгон ахуыргæнæг у стыр арфæйы аккаг, – загъта Тускъаты Таймураз.

Ахæм ахуыргæнджытæй иу у Рамоновойы поселочы скъолайы æрыгон директор Бутаты Зауырбег дæр, æмæ æрыгæттимæ фембæлды фæстæ Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта ацы ахуыргæнæндон. Æрыгон адæймаг йæ сæргъы ис ныр аст азы дæргъы, æмæ, йæ бæрны кусæг коллективæн цы бантыст, скъола цы раппæлинаг уавæры архайы æмæ цы нырыккон гæнæнтæй пайда кæны, æппæт уыдæтты тыххæй Парламенты Сæрдарæн радзырдта Бутаты Зауырбег.

Алагиры районмæ йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз журналистты фарстытæн дзуаппытæ ратта.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here