Психологон æххуысы центр

0
18

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты кусын райдыдта Психологон æххуысы центр. Структурæ байгом кæныны фæдыл кадджын æмбырды архайдтой университеты ректор Огъуаты Алан, факультетты декантæ, уæлдæр ахуыргæнæндоны администрацийы иннæ бæрнон кусджытæ.

Ног центры директор, психологон наукæты кандидат, доцент Виктория Ильченко кусæндоны бæстыхæйттыл цыбыр экскурси сарæзта кадджын уазджытæн, радзырдта сын куысты фæткы тыххæй.

«Нæ абоны цард афтæ у, æмæ адæймаг æрвылбоны царды арæх бавзары алыхуызон тыхстдзинæдтæ. Ахæм æууæлтæ домынц, цæмæй адæймаг афойнадыл иса психологон æххуыс. Нæ центры дæсны специалисттæ цæттæ уыдзысты университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн, стæй æндæр адæмæн æппæтвæрсыг психологон æххуыс бакæнынмæ. Алы адæймаг дæр хъуамæ зона, цавæрфæнды зын æмæ тыхст уавæрæй дæр специалистты æххуысæй æнцондæрæй фервæзæн кæй ис, уый», – загъта Виктория Ильченко.

Центры разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, кусæндоны специалистты фарсмæ æрбалæудзысты университеты психологон-педагогон факультеты студенттæ дæр. Уыдонæн центры уыдзæн сæ фидæны дæсныйадыл практикон ахуыртæ кæныны фадат.

 

ЦИПУ-йы пресс-службæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here