Афтæ куы фæзæгъынц, фидар æнæниздзинад Фыдыбæстæйы æдасдзинады уарт у, уæд æз ахъуыды кæнын мæ дада Лалыты Левыл. Уый хъысмæт мæ са-
хуыр кодта æнæниздзинад æмбарын, канд физикон тых нæ, фæлæ удыхъæды фидардзинад, адæймаджы, æцæгæйдæр, тыхджын, æнæфæцудгæ чи кæны, ахæм.
Æрыгонæй мæ дада бахауд уæззау фæндаггон фыдбылызы. Уыцы æвирхъау цау ын йæ цард цæхгæр фæивта: сси инвалид, йæ къæхтæ йын алыг кодтой. Бирæтæн уый фæстæ сæ зæрдæтæ асастаиккой, сæ фæндтыл, сæ бæллицтыл сæ къух ауыгътаиккой. Фæлæ Лалыты Лев не сразы ахæм хъысмæтыл. Нæ басаст. Уый равзæрста тохы фæндаг – хъысмæтимæ нæ, фæлæ иннæтæн пайда æмæ хъæу-
гæ адæймаг уæвыны барыл.
Баба мын дзуры:
– Сæрмæт, æнæниздзинад канд буар нæу. Уый у удыхъæд. Дæ удыхъæд фидар куы уа, уæд адæймаг сыстдзæн, сыстæн кæм нæ уа, ахæм ран дæр.
Уый ногæй ахуыр кодта цæрын, йæхимæ зилын, кусын æмæ иннæтæн æххуыс кæнын. Йæ ныфс сæттын нæ бауагъта, равзæрста йæ адæмæн лæггад кæнын. Абон æй зонынц, хæрзаудæн куыст чи кæны, ахæм адæймагæй. Æххуыс кæны, царды зын уавæрты чи бахауд, æнæ ныййарджытæй чи баззад, ахæм сывæллæттæн, æмæ алкæддæр ссары ныфсы ныхæстæ, йæхиуыл, йæ хъарутыл чи нал феу-
уæнды, уыдонæн.
Мæнæн мæ баба удæгас дæнцæг у, фидар æнæниздзинад миддунейæ аразгæ кæй у, уымæн. Уымæн йæ бон тæхын æмæ штангæ исын нæ уыд, фæлæ алы бон дæр куыста йæ миддунейыл, йæ удыхъæд æмæ фæразондзинадыл. Йæ сæрмæ никуы æрхаста хъаст кæнын æмæ мæн дæр ахуыр кодта: «Æцæг нæлгоймаг никуы бафæрсдзæн: «Цæй тыххæй мæнæн уый?» Уый ба-фæрсдзæн: «Дарддæр мæ бон цы бауыдзæн?»».
Ацы ныхæстæ систы мæ царды фæтк. Мæ бабамæ кæсгæйæ, æз бамбæрстон, фидар æнæниздзинадæн Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы стыр ахадындзинад кæй ис, уый. Уымæн æмæ йæ канд хæцæнгарзæй нæ хъахъхъæнынц, фæлæ хъæбатырдзинад, бæрнондзинад æмæ батæригъæд кæнынæй. Лалыты Левы хуызæн адæм æхсæнад кæнынц хъæддыхдæр, уымæн æмæ æвдисынц, тæккæ уæззау-
дæр фыдбылызы фæстæ дæр æцæг адæймагæй баззайæн кæй ис, уый.
Мæн фæнды, цæмæй йын царды аккаг фæдон уон. Архайын спорты, лæмбынæг кæ-
сын мæ боны фæткмæ, ахуыр æмæ тренировкæты дæр мæхи лæмæгъæй нæ равдис-
дзынæн. Зын мын куы вæййы, уæд мæ дада мæ цæстытыл ауайы, уæззау фыдбылызы фæстæ уый куыд сыстад æмæ ногæй цæрын куыд райдыдта. Æмæ мæм уæд худинаг æркæсы мæ фæлладдзинадæй хъаст кæнын.
Мæн уырны, фидар æнæниздзинад – уый адæймагмæ низтæ кæй нæй, канд уый æвдисæн нæу. Уый у цавæрфæнды зын уавæрты дæр размæ цæуыны хъомыс. Уый у Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ цæттæдзинад, адæмæн æххуыс кæнын, æмæ дæ царды сæйраг нысантыл иузæрдион уæвын.
Мæ баба у мæ хъайтар, мæ кад æмæ мæ тыхы мæсыг. Æмæ мæ искуы мæ хъæбулты хъæбултæ куы бафæрсой, цы у фидардзинад, уæд сын радзурдзынæн мæ баба Лалыты Левы царды хабæрттæ. Уый йæхи дæнцæгæй равдыста, Фыдыбæстæйы æдасдзинад кæй райгуыры зæрдæйы.
Тометы Сæрмæт,
Суворовон
училищæйы кадет














