Ис ахæм чызг Абхазы зæххыл

0
52

Гуырдзиаг-Абхазаг быцæуы цауты райдайæнмæ Хибла Мукбайыл иуæндæс азы цыд. Æххуысмæ сæм фыццагдæр ирæттæ фæзындысты, йæ фыд Леонид та сæ къордгай хæдтулгæйыл бынатмæ хæццæ кодта. Æртæ æфсымæры хо у Хибла, æфсымæртæ ‘ртæйæ дæр хъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæйы хæдбардзинад.

Абхазы паддзахадон театр æрæджы уыд Ирыстоны. Гастролты алы сахат дæр кæд нымад уыд, уæддæр йæ генералон директор сразы нæ газеткæсджыты йæ цард æмæ сфæлдыстадимæ бæстондæр базонгæ кæнын, цы зæххыл уыд уазæгуаты, уымæ йæ ахаст раргом кæнын.

– Ирæттæ не ‘фсымæртæ сты, зæгъгæ, фæзæгъынц, æмæ уый хуымæтæ-
джы нæу. Уыцы ‘нкъарæн мæ сывæллоны бонтæй баззад мæ зæрдæйы. Ме ‘фсымæр хæстмæ куы цыд, уæд мæм йæ къухдарæн ратта, мыййаг, куынæуал раздæхон, уæд дæу уæд, зæгъгæ. Хæст цы у, уый мæ чысылæй уыцы бонты банкъардтон. Абхазæгтæм Ирыстонмæ уæлдай цæстæнгас ис, нæ сæ дих кæнæм Цæгат æмæ Хуссарыл. Дыууын фондз азы кусын нæ паддзахадон театры, æмæ дзы мæ фыццаг бонæй фæстæмæ нæ артисттæй хъусын æрмæстдæр уæ хорзы кой. Хуссар Ирыстоны театр нæм уыд гастролты, Цæгат Ирыстоны театримæ æрæджы базонгæ дæн, фæлæ нæ хистæртæй æдзухдæр хъуыстон, куыд хæларæй цæрынц ирæт-
тимæ, уый тыххæй. Абхазаг театр Дзæуджыхъæумæ фыццаг хатт 1976 азы ‘рцыд, фæлæ нæм фыццаг Ирон театр ныццыд. Ивтой разамонджыты, æмæ иуцасдæр кæрæдзимæ нал цыдыстæм. Фарон нæм Уалыты Гиви куы уыд, уæд мын загъта, цæй, æмæ сног кæнæм алцыдæр, зæгъгæ. Дзæуджыхъæуы ныл куыд сæмбæлдысты, уый фенгæйæ, мæ кæуын мæ хъуырмæ ссыд: зæлыдысты абхазаг зарджытæ, афтæмæй хуынимæ нæ размæ рацыдысты. Арæхдæр нæ ‘мбæлын хъæуы. Уый æрмæст театрты хæлардзинадæн нæу ахъаз, фæлæ нæ адæмты хæлар ахастдзинæдтæ дæр фидардæр кæны, – уымæй райдыдта йæ ныхас нæ уазæг.

Хибла Мукба у Абхазы Самсон Чанбайы номыл Паддзахадон драмон театры генералон директор, эстрадон зарджыты автор æмæ зарæггæнæг, театр æмæ кинойы актрисæ. Бирæ нæма рацард Гудауты районы Лыхныйы хъæуæй рацæуæг чызг, фæлæ йын национ культурæйы, æвзаджы рæзтмæ цы ‘вæрæн бантыст бахæссын, уый адæймаджы дисы ‘фтауы. Хуымæтæджы йын нæ раттой Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисты ном. Йæхимæ гæсгæ, æппæтæй æххæст нæу цыфæнды бирæвæрсыг курдиаты хицау дæр. Хуыцау дын, зæгъы, курдиат балæвар кодта, уæд ууыл ма æрлæуу, кусын хъæуы хиуыл æппынæдзух. Йæ ныййарджытæ йæ цалх кодтой музыкæ, литературæ уарзыныл, музыкалон инструменттæ йын æлхæдтой æдзух. Бинонтæй музыкалон ахуырад ничи райста, фæлæ сæ хæдзары се ‘ппæт дæр инструменттыл цагътой, зарыдысты. Хиблайы мад фыста уацмыстæ, йæ фыд та дæсны кафæг уыд, хистæр æфсымæр нывгæнæг у. Сывæллæттæм аивадмæ уарзондзинад  сæ гыццылæй æвзæрын кодтой.

– Мæхицæн дæр иуæндæсаздзыд чызг ис, фæлæ Кирæ музыкæйы ‘рдæм здæхт нæу, кæд ын хорз хъæлæс ис, уæддæр. Мæ сæрыхицау Авто Конджария дæр эстрадон зарæггæнæг у, республикæйы Культурæйы министрады хайады сæргълæууæг архайы баргонд къабазы рæзтыл.

Чи зоны, бинонты ‘хсæн сфæлдыстад йæ былтæй кæй кæлы, уымæ гæсгæ чызджы нæ фæнды уыдæттыл кусын. Тыххæй йæ ‘фтауон, фæрæдийон, уый та мæ фæндгæ нæ кæны, – йæ бинонтимæ нæ зонгæ кæны Хибла. Йæхи ныййарджытæ сидзæртæй схъомæл сты, сæ бинонтæ хъæздыг нæ цардысты. Хъæуккаг кæй у, уымæй сæрыстыр у. Иунæг чызг уыд, æфсымæрты кæстæр, æмæ йæ буц дардтой, рæвдыдтой йæ иууылдæр. Скъола каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ, арæх-иу ссис республикон олимпиадæты уæлахиздзау математикæйæ, скъолайы архайдта алыхуызон къордты. Фæлæ, актрисæ кæнæ зарæггæнæг суа, ууыл никуы ахъуыды кодта. Фæстаг къласы йæ бафæндыд юрист суæвын, ахуыр кæнынмæ дæр бацыд, фæлæ уыцы рæстæг университеты адæмон кæфтыты ансамблы скондмæ хуыдтой ног архайджыты, æмæ сæм бацыд. Уымæй райдыдта йе сфæлдыстадон цардвæндаг. Кафыд паддзахадон ансамблы, дыккæгæм курсы та фехъуыста, актеры ха-
йадмæ кæй исынц студентты, æмæ йæм уырдæм бацæуыны ныфс дæр разынд. Амондджын хоны йæхи, йæ царды театр кæй фæзынд, уымæй. Театрмæ бацæугæйæ, райдыдта зарджытæ фыссын, уæд рахаста адæмы рæгъмæ йæ фыццаг зарæг.

Æмæ куыд нæ, театры алы уæладзыджы дæр рояль лæууыд, æмæ-иу ын гæнæн куы уыд, уæд ыл цагъта. Архайдта репетициты, флейтæйыл конкурсы цæгъдынмæ сценæмæ фыццаг хатт театры рахызт. Уæвгæ, алыхуызон инструменттыл арæхсы цæгъдын: гитарæ, аккордеон, саксофон, флейтæ, пианино æмæ гуымсæгыл. Бантыст ын дæсгай зарджытæ ныффыссын йæ мадæлон æвзагыл, уыимæ сывæллæттæн дæр. Республикæйы цæрджытæ Абхазы гимны хуызæн кæй кæнынц, уыцы зарæг уæлдай бынат ахсы йе сфæлдыстады. Ныр иу зарæг дæр куынæуал ныффыссон, уæддæр мын, зæгъы, æрмæст уый дæр æгъгъæд уыдзæн. Дзæвгар рæстæг ахуыр кодта сывæллæтты, арæзта сын алыхуызон национ конкурстæ, уыимæ, уыд æрыгон зарæггæнджыты республикон конкурсы автор æмæ продюсер. Дунеон музыкалон фес-
тивальтæ «Голос. Дети» æмæ «Новая волна»-йы йæ хъомылгæнинæгтæ райс-
той призон бынæттæ. Бынæттон телеуынынады йæ программæйы нысан уыд абхазаг национ эстрадæйы рæзтыл архайын. Театры разамонæджы куыст бирæ рæстæг домы, æмæ уал нырма æрмæст уыцы куыстыл æххæссы. Зарджытæ дæр нал фыссы, адæймаг йæ зæрдæйы ахаст, монцтæ ныффыссынмæ здæхт куы вæййы, уæд райгуыры зарæг дæр.

– Мæ бон у ныффыссын. Цæуылнæ фыссын? Ногдзинад мæ фæнды бавæрын мæ зарæджы, æнкъарæнтæ та – нæй. Цавæрфæнды темæ дæр ис æрхъуыды кæнæн, фæлæ мæ аразгæ ‘нкъарæнтимæ нæ фæнды, – зæгъы Кавказ æмæ Уæрæсейы Хуссары, Мæскуы æмæ Турчы зындгонд зарæггæнæг.  Аивадон кинонывтæ «Детство Чика», «Я украду тебя у всего мира» æмæ «Нежность»-ы сарæзта ирд фæлгонцтæ, театры та йын ныридæгæн бантыст дыууын ролæй фылдæры ахъазын, уыдонимæ – «Дочь солнца», «Без меня меня женили» æмæ «Пирог». Цы сурæттæ дзы снывæзта, уыдон зæрдæмæдзæугæ рауадысты.

– Хатт æрбадын æмæ фæхъуыды кæнын: «Æз разамонæг уæвынмæ нæ тырныдтон, нæ лидзын республикæйы разамындмæ æмæ спонсортæм. Мæхицæн загътон, мæ рафæлдисæг, кæд мæ уыцы фæндагыл сæвæрдтай, уæд мын баххуыс кæн æмæ мын хъæугæ адæймæгты мæ размæ рауадз. Æцæгæйдæр, сæхи æгъдауæй хъæугæ рæстæг сæхæдæг фæзынынц. Нæхи хъарутæй уал нын æнтысы алцыдæр аразын. Сылгоймаг-разамонæг хъуамæ нæлгоймаджы миниуджытæй хайджын уа, стæй йæм сылгоймаджы фæлмæндзинад дæр уа. Мæ куысты домаг дæн! Зын у, бирæ азты кæимæ кусыс, мæн чи ахуыр кодта, нæ хистæртæ, мæ хæлæрттæн – иу ныхасæй, хи коллективæн разамынд дæттын. Мæ бинонтæ сты сæйрагдæр мæ царды. Амондджын дæн, кæй мæ ‘мбарынц, стыр æххуыс мын у ме ‘фсин. Авто мын хатт фæзæгъы: «Хибла, дæ бинонты ма рох кæн!»

Ацы аз 12 июны Хибла Леониды чызг Мукбайыл æххæст кæны цыппор фондз азы. Бирæ йын бантыст царды, сфæлдыстадон фæндагыл цæуы уæндонæй, национ культурæ, мадæлон æвзаджы рæзтыл æвæллайгæйæ кусы,  удуæлдайæ архайы йæ размæ кæныныл, тырны ног фæлтæрты абхазаг адæмы хуыздæр миниуджытыл ахуыр кæнынмæ. Хуыздæртæ та, цавæрфæнды адæмыхаттæй ма уæд, йæ алыварс чи ис, уыцы адæмтæн фæзминаг вæййынц.

 

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here