Уæлахизы бон – Ирыстоны

0
57

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фашистон Германыл нæ бæстæйы Уæлахизы бон 9 Майы нæ республикæйы бирæ зæрдылдаринаг мадзæлттæ арæзт цыдис. Уыдонæн сæ ахсджиагдæр уыдысты, Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзы æфсæддон гарнизоны парад æмæ «Æнæмæлгæ полкъ».

Уæлахизы Цытджын бæрæгбоны размæ та РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Федерацийы Советы сенатортæ Мамсыраты Таймураз, Виталий Назаренко, Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб, нæ республикæйы раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады уæнгтæ æмæ тыхы структурæты минæвæрттæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Намысы мемориалы сæйраг «Æнусон арт» æмæ Намысы аллейы ныгæд хæстон хъæбатырты ингæнтыл, Плиты Иссæ æмæ Петр Барбашовы цыртдзæвæнтыл, Уæлахизы фæзы Намысы монумент, «Дзæуджыхъæу – хæстон намысы горæт»-ы стелæ æмæ «Иргъæфы арæны» мемориалтыл. Бабæрæг кодтой сыгъдæг Иоанн Хæстоны аргъуан дæр.

Диссаг у, æвæдза, æрдзы сконд. Цыма Уæлахизыл цин кодта, уыйау арв сæхгæдта дуар йæ мигътыл æмæ хуры тынтæ бахъарм кодтой адæмы зæрдæтæ. Кадджын трибунæмæ схызтысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, æфсæддон æмæ дингæнæг организациты минæвæрттæ. Сæрибары фæзы астæуæй – æфсæддон оркестр, йæ фæстæ – Дзæуджыхъæуы гарнизоны, нæ бæстæйы Мидхъуыддæгты министрады æфсæдты æмæ курсантты колоннæтæ. Фæзы азæлыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты символ чи сси, уыцы зарæг, «Вставай страна огромная». Йæ зæлтæм æфсæддонты къорд фидар маршæй хастой, кæддæр, 1945 азы, Берлины рейхстаджы сæрмæ сырхæфсæддонтæ Мелитон Кантария æмæ Егор Белов кæй æрсагътой, уыцы Сырх тырысайы хуызæг, Уæрæсейы Федераци æмæ Гæрзифтонг тыхты тырысатæ. Парадæн командæгæнæг уыд 58-æм æфсады  булкъон Игорь Гвозденко. Уый æрзылд колоннæтыл æмæ сын арфæ ракодта Уæлахизы боны 81 азы фæдыл. Уый фæстæ раныхас кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.Уый загъта:

– Зынаргъ Ирыстоны цæрджытæ, ветерантæ æмæ нæ республикæйы уазджытæ, афицертæ æмæ салдæттæ! Арфæ уын кæнын Уæлахизы боны фæдыл. Абон Уæрæсейы алы горæты дæр, алы хæдзары бинонтæн дæр у стыр бæрæгбон, цин æмæ цæссыджы бон. 81 азы размæ нæ бæстæ фæуæлахиз адæмты историйы æппæты тугкалæндæр хæсты, æрхаста сабырдзинад, канд нæ бæстæйы цæрджытæн нæ, фæлæ Европæйы адæмтæн дæр. Уыцы азтæй бирæ рæстæг рацыд, фæлтæртæ фæлтæрты раивтой, фæлæ абон ацы парады сты нæ хъæбатыр хæстонты цот, цоты цот æмæ сæ байзæддæгтæ.

Уæлахизмæ фæндаг уыдис зын æмæ дæргъвæтин. Никуы ферох кæндзыстæм, фашизм чи скуынæг кодта, дуне цагъайрадæй чи фервæзын кодта, уыдоны æнæмæлгæ сгуыхтдзинад. Цыт æмæ намысыл нæ хъуыды кæнгæйæ, дæрæн кодтой знаджы, сæ хæстон æмбæлттæй бирæты тохы быдыры уадзгæйæ, æууæндыдысты Уæлахизыл, æмæ сæ къухы бафтыд. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ахæм тох нæ уыд, Цæгат Ирыстоны цæрджытæ кæм нæ фесгуыхтысты. Сырх æфсады рæнхъыты, партизанты къордты тох кодтой не ‘мзæххонтæй 95 мин адæймагæй фылдæр. Фронтмæ ацыдысты, хæцæнгарз йæ къухмæ райсынхъом чидæриддæр уыд, уыдон. Бирæтыл дзы цыд æвддæс азы, æмæ дзы алы дыккаг дæр нал æрыздæхт.

Хæсты историйы ирд сыфтæй фыст æрцыдысты Дзæуджыхъæуыл тохтæ. Горæт бахъахъхъæнынмæ уæд растадысты æппæт цæрджытæ дæр. Æмæ знаджы танкты артиллери æмæ авиацийы ныхмæ æрæвæрдтой сæ бархъомыс, фæразондзинад æмæ лæгдзинад. Дзæуджыхъæуы бынмæ знаг дæрæнгонд æрцыд. Фæлæ цæмæй зыдтой уæд нæ хъæбатыр хæстон фæлтæр, æмæ знагæн йæ хурхыл æххæст кæй нæ бахæцыдысты, уый. Ногæй та фашизм йæ сæр сдардта æмæ тугуарæн кæны Украинæйы не ‘мбæстаг адæмæн. Уырдæм атындзыдтой нæ хæстон фæлтæры байзæддæгтæ. Дарддæр æххæст кæнынц сæ намысджын хистæрты хæс. Æмæ та ныр дæр ирон хъайтар фæсивæд се сгуыхтдзинæдтæй бæрæг дарынц. Мах фидарæй уырны, Уæлахиз ам дæр Уæрæсейы кæй уыдзæн, уый, – загъта Сергей Меняйло.

Ацы аз Уæлахизы æфсæддон парады хæстон техникæ нæ уыд, фæлæ «Æнæмæлгæ полкъ»-ы рæнхъыты Сæрибары фæзы рацыдысты нæ республикæйы цæрджытæ 10 минмæ ‘ввахс адæймаджы. Уыдон сæ къухты хастой ветеранты портреттæ.

Уыцы бон ма изæрæй Дзæуджыхъæуы алыхуызон мадзæлттæ аразæн зал «Россия»-йы ацыд Кадетты  3-аг республикон бал дæр. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны астæуккаг скъолаты кадетты кълæсты хъомылгæнинæгтæ. Кафты изæрмæ æрбацыдысты  РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ дæр.

Парады æнæнхъæлæджы базонгæ дæн Саратовæй æрцæуæг турист Еленæ Завьяловаимæ. Фæныхæстæ кодтам, æмæ мын афтæ бакодта, Цæгат Ирыстоны цæйбæрц цыртдзæвæнтæ æмæ æфсымæрон ингæнтæ ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæдыл, ахæм бынæттæ Уæрæсейы бирæ нæ разындзæн. Еленæ фыццаг хатт æрцыд Ирыстонмæ æмæ Уæлахизы Парадмæ дæр æрбацыд. Куыд загъта, афтæмæй уарзы фылдæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цыртдзæвæнтыл зилын, æмæ Цæгат Ирыстоны Дзуарыхъæуы Гæздæнты æфсымæртæн цы цыртдзæвæн ис, «Авд зырнæджы», уыцы скульптурон композици куы федта интернеты, уæд сфæнд кодта ардæм æрцæуын, хи цæстæй фенын уыцы диссаджы æвæджиауы уацмыс.

 Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here