Æмархайды бындурыл

0
80

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй цы ‘мбырд арæзт æрцыд, уым æркастысты хицаудзинады æххæстгæнæн оргæнтæ æмæ Цæгат Ирыстоны Растгæнæн федералон службæйы управленийы (УФСИН) æмархайды фарстамæ.

Бæлвырддæр зæгъгæйæ, æмбырды архайджытæ ныхас кодтой, тæрхонгонд кæмæн æрцыд, уыдоны фæллойыл бафтауыны æмæ республикæйы рæстмæгæнæн (исправительный) уагдæтты промышленнон куыстуæтты тыххæй. Тæрхонгонд кæмæн ис, уыдон профессион ахуыртæ ацæуынц, æмæ сæ куысты сæргъы сæвæрынц, хæдзары дзаума, хуыйджыты продукци,æфсæн конструкцитæ, чысыл архитектурон формæтæ кæм аразынц, Растгæнæн федералон службæйы управленийы системæйы уыцы кондадон объектты.

Æмбырды куыд загъд уыдис, уымæ гæсгæ Растгæнæн федералон службæйы управленийы кондадон секторæн йæ бон у Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты ахсджиаг фарстатæ алыг кæнынæн фæахъаз уæвын. Афтæ, ацы службæ йæ продукци уадзынæй республикæйы социалон уагдæтты паддзахадон заказтæ æххæст кæны.

– Республикæйы активонæй царды уагъд цæуынц национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ, ам нæм ис раппæлинаг хорз бæрæггæнæнтæ. Федералон центр нын æххуыс кæны, æппæт фадæттæ дæр аразы субъекты рæзтæн. Уымæ арæзт сты, регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло нын нæ размæ цы нысантæ æвæры, уыдон дæр. Æмæ уынæм æвæрццæг фæстиуджытæ. Уыцы мадзæлтты фæлгæты хъæуы æлхæнын ифтонггæрзтæ æмæ хæдзары дзаума социалон ахадындзинады уагдæттæн. Цæгат Ирыстоны архайынц Растгæнæн федералон службæйы управленийы кондадон фæзтæ, æмæ нын уый фадат дæтты паддзахадон хъуагдзинæдтæн æнæ уæлæмхасæн æфтауæнтимæ æргътæй сæ продукци æлхæнынæн. Æмгуыстады бæрæггæнæнтæ хъуамæ ирдæй зыной, – загъта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар.

РЦИ-Аланийы Растгæнæн федералон службæйы управленийы разамонæджы хæдивæг Цыбырты Георги фехъусын кодта, тæрхонгонд кæмæн æрцыд, уыдоны раст фæндагыл æрлæууын кæныны сæйрагдæр мадзæлттæй иу кæй у куыст. Республикæйы управленимæ ис æппæт хъæугæ кондадон гæнæнтæ дæр, уыимæ – хæдзары дзаума, хуыйгæ æмæ æндæр продукци уадзыны стыр фæлтæрддзинад.

Æмгуыстады æвæрццæг фæстиуджытæ сты контрактты бафысты цыбыр æмгъуыдтæ, бюджеты фæрæзты фæстауæрц, стæй заказгæнæгæн, куыстытæ куыд цæуынц, уый фенын йæ бон кæй у цыфæнды афон дæр.

Дзанайты Барис бахахх кодта, цы продукци аразынц, уый хъуамæ кæй уа фидар, уыимæ – нырыккон æмæ адæмæн æхсызгондзинад хæссæг.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны Хицауад æмæ РЦИ-Аланийы Растгæнæн федералон службæйы управленийы ’хсæн кæй ис æмархайды бадзырд.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here