Цæгат Ирыстоны райдыдта йæ куыст егъау æмбарынгæнæн проект «Информ УИК». Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы IX æрсидты депутатты æвзæрстыты агъоммæ участокты æвзарæн къамисты уæнгтæ хæдзæрттыл зилдзысты æмæ хъæлæс кæныны тыххæй æмбарынгæнæн куыст кæндзысты.
Ацы аз республикæйы участокты къамисты уæнгтыл бафтыд 1588 адæймаджы. Алчидæр дзы ацыд сæрмагонд ахуыртæ æмæ райста сертификат. Базонæн сæ уыдзæн сæ риуыл Уæрæсейы триколоры хуызтимæ лентытæй, сæ риуыл – бейджиктæ сæ нæмттимæ, уыдзæн сæм сæрмагонд бренды хызынтæ информацион æрмæджытимæ.
Разæй – мингай фембæлдтытæ, хъуыддаджы ныхас æвзарджытимæ, æппæт фæрстытæн дæр æмбæлгæ дзуаппытæ райсыны фадат уыдзæн алкæмæн дæр æвзарæн къамисы уæнгтæй.
Дыгуры районы къамисты уæнгтæн куысты агъоммæ арфæ æмæ фæндаг фæдзæхсты ныхæстæ загъта районы сæргълæууæг Цагъаты Сослан.
Сосланæн «адæмæн лæггад кæнын» хуымæтæг дзырдтæ не сты. Ацы аз уый сси III Æппæтуæрæсеон муниципалон преми «Лæггад»-ы лауреат номинаци «Лæгдзинад æмæ хъайтардзинад Райгуырæн бæстæйы фæрныгадæн лæггады», райста йæ Уæрæсейы Президент Владимир Путины къухæй.
Къорд азы размæ, Дур-Дуры администрацийы сæргълæууæг ма куы уыд, уæд Сослан мæлæтæй фервæзын кодта, йæ къухы
хæстон гранат кæмæн уыд, уыцы сывæллоны. Фæндаггон фыдбылызы чи бахауд, уыцы сывæллæттæн фыццаг æххуысы мадзæлттæ скодта æмæ сæ æвæстиатæй рынчындоныл сæмбæлын кодта.
Абон Цагъаты Сослан йе ‘ргом проект «Информ УИК»-ы куыстмæ кæй здахы, уый ма иу хатт дæр дзурæг у, æцæг лæггад æмæ хи снывонд кæнын кæй райдайы адæмыл узæлдæй, алы адæймаджы фарсмæ æрбалæууынæй бахъуаджы сахат.
ГАПБАТЫ Алетæ














