Ацы азы райдайæнæй нырмæ Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыс-тойнаг хайад æнæ курдиæттай сахъатдзинадмæ гæсгæ сæвæрдта 1100 фæдзæхстадон æмæ социалон пенсийы.
Пенси сæвæрынæн адæмыл амынд хайады клиентон службæтæм цæуыны, науæд портал «Госуслуги»-йы фæрцы курдиæттæ æрвитыны хæс æвæрд нæй. Медицинон-социалон иртасынад баххæст кæныны фæстæ чи ‘рбафты, уынаффæ рахæссынц сахъатдзинады тыххæй уыцы бæрæггæнæнты бындурыл.
– Курдиат не ‘рбарвитыны фæткы фæрцы ис сахъатдзинады фæдыл пенси цыбыр рæстæгмæ, æнæ уæлæмхасæн документтæй сæвæрыны фадат. Æппæт хъæугæ бæрæггæнæнтæ нæ хайадмæ æрбафтынц ведомствæты æхсæн æмгуыстады фæткы руаджы. Фиддон сæвæрыны тыххæй уынаффæ рахæссынц фондз кусгæ боны æмгъуыдмæ æмæ фæстæдæр адæймагмæ æмбæлгæ хъусынгæнинаг барвитынц, – зæгъы УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады
разамонæг Милдзыхты Аслан.
Фæдзæхстадон стаж кæмæ ис, ахæм адæймагæн фæдзæхстадон пенси сæвæрынц сахъатдзинадмæ гæсгæ. Фæдзæхстадон стаж кæд нæй, уæд сæвæрынц социалон пенси (адæймаг кусы æви нæ, уый фиддон исыны барыл амынд уавæры нæ ахады).
Пенси сæвæрыны тыххæй хъусынгæнинаг барвитынц адæймаджы «Личный кабинет»-мæ портал «Госуслуги»-йы. Хыгъдон фыст порталы кæд нæй, уæд хъусынгæнинаг бафты посты фæрцы. Раздæр Социалон фондæй фиддонтæ чи иста, уыдонмæ пенси хæццæ кæнынц раздæры уагæй. Раздæр фиддонтæ кæмæн нæ фыстой, уыцы адæймаджы хæс у фиддонтæ йæм хæццæ кæныны хуыз – ома, банчы кæнæ посты бастдзинады хайады фæрцы – равзарын.
Иумæйаг контакт центрмæ: 8-800-100-00-01 (центрмæ лæвар фæдзурыны бар: къуырисæрæй цыппæрæммæ – 9:00 сахатæй 18:00 сахаты онг, майрæмбоны та – 9:00 сахатæй 16:00 сахаты æмæ 45 минуты онг).
УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ














