Дзæуджыхъæуы байгом Филармони

0
913

Æрхæццæ, Ирыстоны адæм дæс азы дæргъы цы ахсджиаг цаумæ æнхъæлмæ кастысты, уый — Дзæуджыхъæуы реставрацийы фæстæ кадджын уавæры байгом Филармони. Уый фæдыл Ирыстонмæ сабаты ссыдысты уазджытæ Мæскуы æмæ фæсарæнтæй: УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Ольгæ ГОЛОДЕЦ, Цæгат Кавказы хъуыддæгты министр Лев КУЗНЕЦОВ, маэстро ГЕРГИТЫ Валери Марияйы номыл оркестримæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид, Мæскуыйы Филармонийы директор Алексей ШАЛАШОВ, Свердловскы Филармонийы директор Александр КОЛОТУРСКИЙ, Мюнхены Филармонийы директор Пауль МЮЛЛЕР, интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ фæсарæйнаг музыканттæ.

Режиссер Уалыты Гиви зæрдиагæй бацархайдта бæрæгбоны аивдзинадыл. Фыццаг уал уынджы уыд театралон равдыст ивгъуыд рæстæджы историон нывтæй. Театрты артисттæ ссæдзæм æнусы райдайæны уæлæдарæсы интеллигенцийы минæвæртты хуызы аллейæйы рацу-бацу кодтой, газеттæ уарæг сывæллæттæ уæды фæстаг хабæрттæ хъусынгæнгæйæ згъордтой адæмы рæзты. Сæ ныхмæ-иу фесты æфсæддонтæ. Адæм, раст цыма ивгъуыд рæстæджы бахаудысты, уыйау æнкъардтой сæхи.

Адæм суазал сты, 10 градусы хъызты уынджы лæугæйæ, фæлæ сæ цæсгæмттæй мидбылхудт нæ цух кодта. Бынтон амондджын сæхи æнкъардтой, сæ къухты хуынды гæххæттытæ кæмæн уыд Гергиты Валерийы разамындæй Марияйы оркестры концертмæ, уыдон. Уый уыд, Филармонийæн йæ ног байгомæй фыццаг концерт. — Филармонийы байгом у æцæг стыр бæрæгбон, — загъта Ольгæ Голодец. — Ног азы къæсæрыл Ирыстоны, Уæрæсейы æмæ дунейы цæрджытæн Хуыцау ракодта диссаджы лæвар — аивадуарзджыты размæ ног байгом сты Филармонийы дуæрттæ. Уæ гыццыл Ирыстон нырыккон дунеон культурæйæн балæвар кодта музыкалон аивады ирд стъалытæ: Дудараты Вераникæ, Гергиты Валери, Сохиты Тугъан, Уазиты Махар… Нæ бæстæ æмæ æнæхъæн дунейæн ахæм бирæ курдиатджын аивады дæснытæ цы республикæ балæвар кодта, уый хъуамæ нымад æрцæуа дунеон культурон столицæйыл. Ирыстоны цæрджытæн арфæ ракодта Тыбылты Леонид. Уый бузныг загъта Гергиты Валерийæн, Ирыстонæн цы лæггæдты бацыд æмæ 2008 азы цауты фæстæ, Марияйы оркестрæн разамынд дæтгæйæ, Цхинвалы театры хæлд бæстыхайы раз цы концерт радта, уый адæмæн сæрибардзинады æнкъарæнтæ æмæ ног цард райдайынæн хъару кæй радта, уый тыххæй. Загъта ма, ног азы райдайæны Хуссар Ирыстоны дæр ахæм ахсджиаг стыр бæрæгбон кæй уыдзæн — ног байгом уыдзæн арæзтадон куыстыты фæстæ Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон драмон театр. Æмæ адæмы зæрдиагæй фæхуыдта аивады иумæйаг бæрæгбонмæ. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бузныг загъта, ацы хорз хъуыддаг саразыныл чи бафыдæбон кодта æмæ, Филармонийы дуæрттæ ног кæй ‘руаджы байгом сты, уыдонæн. Фыццаджыдæр, æрымысыд Æгъуызарты Тамерланы ном. — Филармонийы арæзтадон куыстыты стыр, арфæйаг у Гергиты Валери,— загъта ма Битарты Вячеслав.— Кæд æнæвдæлон у, уæддæр афæдзы дæргъы йæ хъус дардта реставрацион куыстытæм, фæхуыдта Ирыстонмæ дунейы хуыздæр специалистты, йæ хардзæй арæзт æрцыд, ногæй кæй раивтой, бæстыхайы уыцы сæр. Бæстыхай цæмæй йæ раздæры хуыз бахъахъхъæна, уый тыххæй ма бахъуыд цыппар мин рагон агуыридуры ссарын. Агургæ та сæ кодтой æгас Кавказы. Цæмæй музыкæйы азæлд æмбæлгæ уагыл уа, уый тыххæй дунейы хуыздæр акустик Ясухиса Тойотайы уынаффæйæ ивд æрцыд бæстыхайы сæр. Куыстытæ афæдзы дæргъы куыд æххæстгонд цыдысты, уымæ лæмбынæгæй сæ хъус дардтой республикæйы Хицауад, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ, профессионалон музыканттæ. Ольгæ Голодец Филармонийы къæсæрыл алыг кодта бæрæгбоны сырх лент, æмæ залы азæлыд аив музыкæ. Концерты фыццаг уацмыс уыд УФ-йы Гимн. Ацагътой йæ Гергиты Валерийы разамындæй Марияйы театры оркестр æмæ Исаак Дунаевскийы фыст зарæг «Фыдыбæстæ» азарыд хормейстер Дзанайты Ольгæйы разамындæй Дзæуджыхъæуы музыкалон скъолаты сывæллæтты зарæггæнджыты иумæйаг къорд. Дарддæр азæлыд Сергей Прокофьевы Фыццаг симфони. Венгриаг музыкант Кристоф Барати скрипкæйыл ацагъта Иоганнес Брамсы уацмыс «Скрипичный концерт». Маэстро Гергиты Валери лæмбынæг хъуыста скрипкæйы зæлтæ залы куыд зæлынц, уымæ, æмæ баззад зæрдæрухсæй. Бæрæгбоны зæрдылдаринаг сси, сценæмæ Гергиты Валерийы фырт Абысал куы рацыд æмæ оркестримæ Франсис Пуленкы уацмыс фортепианойыл куыд ацагъта, уый. Абысал у фарæстæм къласы ахуырдзау. Ахуыр та кæны Екатеринбурджы Н.А. Римский-Корсаковы номыл аивадон музыкалон скъолайы. Йæ цагъд афтæ дæсны æмæ зæрдæмæдзæугæ рауад, æмæ йын адæм стыр аргъ скодтой сæ къухæмдзæгъд æмæ дидинджытæй. Гергиты Валерийæн Дзæуджыхъæуы Филармони бæстæйы концертон залтæй у æппæты уарзондæр æмæ зынаргъдæр. — Мæнæн ацы цау стыр бæрæгбон у. Ам фехъуыстон мæ сабибонты фыццаг хатт оркестры цагъд. Куыд дирижер, афтæ дзы радтон мæ фыццаг концерт. Мæ куысты тырндзынæн уымæ, цæмæй Дзæуджыхъæуы Филармони æмæ Марияйы театры ‘хсæн уа æнгом культурон бастдзинæдтæ, — загъта Гергиты Валери. Иннæ ахсджиаг цау ма у, ацы аз Филармонийы бæстыхайыл кæй æххæст кæны 150 азы. Кæддæр уыд немыцаг аргъуан. 1945 азы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ йын йæ архитектурон арæзтадмæ куы æркастысты, уæд дзуапп лæвæрдта музыкалон бæстыхайæн, æмæ сæххæст нæ республикæйы музыкантты бæллиц — байгом дзы Филармони. Сæ рæстæджы Филармонийы концерттæ лæвæрдтой зындгонд музыкалон дæснытæ Святослав Рихтер, Эмиль Гилельс, Леонид Коган æмæ æндæртæ. Фæстаг дæс азы йæ уавæр заууатмæ æрцыд, æмæ уыд æхгæд. Афæдзы размæ райдыдтой кусын йæ бахъахъхъæныныл. Арæзтадон куыстыты рæстæг сæйраг бахизæны къулыл штукатуркæйы бынæй разынд къæйдур ахæм фыстытимæ: «Хуыцауы арфæ æрцæуæд уе ‘ппæтыл дæр». Арфæ Хуыцаумæ хъуысы, фæзæгъынц, æмæ Ног азы къæсæрыл æрцыд нæ музыкалон аивадыл — байгом музыкæйы галуан. Гергиты Валери Филармонийы директор Магкоты Ацæмæзæн фехъусын кодта æхсызгон хабар: музыканттæ концерты цы музыкалон инструменттыл цагътой, уыдон концерты фæстæ кæй балæвар кæндзысты Филармонийы симфонион оркестрæн. Маэстро йæ ныхас сæххæст кодта.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here