Газет

Даргъ æмæ уæрæх у ирон адæмы истори. Бирæ фæхæрдгæнæнтæ æмæ уырдыджытæ дзы уыд: рæзты, сæрыстырдзинад æмæ хъизæмайраг дугтæ. Уæддæр алы уавæрты дæр ирон лæг йæхи ивæзта рухсмæ, чиныгмæ. Æвæццæгæн, раст сты уыцы ахуыргæндтæ, ирон адæммæ фыссынады фæзындыл дыууæ мин азæй фылдæр цæуы, зæгъгæ, чи фыссы, уыдон. Фæлæ историон зын фыдæвзарæнты астæуккаг æнусты нæ чиныг бахъахъхъæнын нæ къухы нæ бафтыд.
Æмæ та 12-14 æнусты фæлдурæджджын азты фæстæ ирон адæм быныскъуыды фæндагæй куы фервæзтысты, уæд атындзыдтой рухсмæ, сæхицæн чиныг агурæг. Æмæ та 1798 азы Мæздæджы рацыд фыццаг ирон чиныг. Уый уыд Къостайы “Ирон фæндыр”-мæ хъавгæ æмæ хъуызгæ фыццаг къахдзæф.
Рæзт æмæ фидар кодта ирон интеллигенци, ирон дзыллæйы ‘хсæн ахуыргонд адæм фылдæрæй-фылдæр кодта. Æмæ уыдоны дæр фæндыд, цæмæй алы ирон дæр кæсын-фыссын зона. Раззагдæр интеллигенци та тырныдта Иры дзыллæтимæ мыхуыры фæрцы ныхас кæнынмæ, алы ирон хæдзармæ дæр дунейы адæмты царды райрæзты тæваг бахæссынмæ.
Ирон адæмы хуыздæр ахуыргонд лæгтæ тырныдтой сæ мадæлон æвзæгтыл газет рауадзынмæ. Ссæдзæм æнусы райдайæны къордгай лæгты хъæппæрисæй Уæрæсейы алы рæтты æмæ ам, Ирыстоны дæр, ирон æвзагыл фæд-фæдыл рацыдысты цалдæр журналы æмæ газеты. Фæлæ-иу цалдæргай номыры фæстæ, фæрæзтæ сын кæй нæ фаг кодта, уый фыдæй æхгæд æрцыдысты. Уæд фæзынд, ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы журнал “Хуры тын” дæр. Уагъта йæ йæхи хардзæй Бетъырбухы. Стыр хæстæ æмæ нысантæ сæвæрдта уæд йæ размæ Елбыздыхъо, хуры тынау æй ныккæсын бафæндыд йæ радтæг адæмы зæрдæтæм. Фæлæ æрмæст æртæ… æртæ номыры рауадзын бацис йæ бон, йæ къух æндæр нæ самыдта, куысты мыздæй цы æрæмбырд кодта, уыдон ын æндæр фаг не систы.
***
Æрлæууыд ног цардарæзт. Уалдзыгон мæры æвзартæ хæрдмæ куыд ныггуыпп кæнынц, афтæ базмæлыд бæстæ, адæмы хъæппæрис. Ирон æвзагыл газет рауадзын рагæйдæр йæ бæллиц кæмæн уыд, уыдон дæр æмгуыппæй базмæлыдысты. Банкъардтой, ног паддзахады æххуысæй сæ бон сæ мадæлон æвзагыл газет рауадзын кæй у, уый æмæ сæхиуыл нæ бацауæрстой. Газет рауадзыныл зæрдиагæй чи куыста, уыдон уыдысты нæ интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ “Рæстдзинад”-ы фыццаг редактортæ Гæдиаты Цомахъ, Брытъиаты Цæра, Барахъты Гино, Гулуты Андрей, Малиты Георги, Коцойты Арсен, Косыраты Сæрмæт, Бутаты Аслæнбег, Мамсыраты Саханджери æмæ иннæтæ. Суанг ма сын Берлинæй æххуыс кодта Байаты Гаппо дæр.
***
Ирон культурæйыл, æппæт ирон адæмыл дæр 90 азы размæ, 1923 азы 14 мартъийы, æрцыд стыр хорздзинад нæ мадæлон æвзагыл нæм фыццаг хатт рацыд æцæг дзыллон газет, æмæ йыл сæвæрдтой, дунейы адæмты раззагдæр тыхтæ æнусты дæргъы цæмæ бæллынц, сæ зонд цæуыл бæттынц, сæ хъару цæмæн дæттынц, уый ном “Рæстдзинад”! Газет “Рæстдзинад”-ы райгуырд ирон дзыхæйдзурæг алы адæймагæн дæр уыд бæрæгбон. Уый алы иронмæ дæр равзæрын кодта сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ, æмæ йæ фарсмæ æрбалæууыдысты фидар æнцойæн. Æххуыс ын кодтой, фыстой йæм сæ хъыгтæ, сæ зынтæ, сæ цинтæ. Йæ алы номыр дæр сын хаста æхсызгондзинад, Къостайы æмдзæвгæйау æй къухæй къухмæ истой. Кæсын чи зыдта, уыдон æй иннæтæн кастысты хъæуты Ныхасты, сыхты, бинонты ‘хсæн, зонгæтæн.
“Рæстдзинад” сын сæ талынг къуымтæм хаста дунейы хъæр, рухсы цъыртт, дзырдта ирон адæмы царды ахсджиаг лыггæнинаг фарстатыл, сæ ивгъуыд, сæ абон, сæ фидæныл. Хуыдта сæ Къостайы фæдыл рухсмæ, хи æрæмбарын æмæ ног цард саразынмæ.
***
“Рæстдзинад” йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ ссис ирон адæмы азфыссæг. Йæ кусджытæ æмæ æхсæнадон уацхæсджытæ йæ æнгом бабастой фæллойгæнæг адæмы цардимæ. Уымæн æмæ сæхæдæг уыдысты йæ гуылфæны.
***
Уæззау, гуыргъахъ, фæлæ арфæйаг фæндæгтыл рацыд “Рæстдзинад” нæ адæмимæ иумæ. Ирыстоны цы стыр цаутæ, цы стыр арæзтæдтæ цыд, уыдон дзы æвдыст цыдысты сæ райдайæнæй сæ кæронмæ. Уыдонимæ Джызæлдоны ГЭС, Къасарайы фæндаг æмæ тъунел, Беслæны нартхоры комбинат, Цæлыччы къанау, Дзæуджыхъæуы ГЭС, ног заводтæ, фабриктæ, индустриализаци, коллективизаци, МТС-тæ, колхозтæ, совхозтæ, фондзазонтæ. Газет уыд фæллойадон ерысмæ разæнгардгæнæг тых.
***
1928 азы Барахъты Гино уыдис газет “Рæстдзинад”-ы редактор. Уæд нæм ирон журнал нæма цыди, æмæ Гино уадзын райдыдта литературон уæлæмхасæн “Размæ”.
Æртынæм азты газет “Рæстдзинад”-ы фæрцы сæ нæмттæ Ирыстоны дæрдтыл айхъуыстысты ирон фысджыты ног фæлтæрæн: Фæрнион Къоста, Малиты Георги, Мамсыраты Дæбе, Хъамбердиаты Мысост, Хуытъинаты Цыппу, Хъайтыхъты Геор, Бæдоаты Хъазыбег, Бесаты Тазе, Епхиты Тæтæри, Плиты Хадо, Хетæгкаты Дауыт, Илас Æрнигон, Багъæраты Созыр, Дзесты Куыдзæг æмæ иннæтæн.
“Рæстдзинад” йæ райдайæнæй абонмæ сси ирон фысджыты фæлтæрты сфæлдыстадон рæзты куырдадз. Æркæсут-ма нæ абоны фысджыты царды æмæ сфæлдыстадон фæндаджы азфыстытæм. Алы ран дæр дзы бафиппайдзыстут ахæм фыст: “Йæ уацмыстæ фыццаг хатт мыхуыргонд æрцыдысты газет “Рæстдзинад”-ы, стæй ма: “Куыста газет “Рæстдзинад”-ы редакцийы”.
“Рæстдзинад”-æй царды вазыгджын фарстаты фæдыл хъуыст зындгонддæр ирон фысджыты, ахуыргæндты, æхсæнадон, политикон æмæ культурæйы кусджыты фидар æмæ барджын хъæлæс. Æвдыстой адæмимæ сæ иудзинад, сæхи бастой йæ хъысмæтимæ.
***
Æмæ “Рæстдзинад” йæ тыхы куы бацыд, йæ разы ноджы стырдæр æмæ вазыгджындæр хæстæ куы æрæвæрдта, ахуыргонд курдиатджын æвзыгъд фæлтæр дзы кусын куы райдыдта, уæд æрбайхъуыст фыдохы хъæр фыдызнаг æрбалæбурдта нæ Райгуырæн бæстæм.
Йæ кусджытæ лæгæвзæрстæй ацыдысты цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ. Уыцы тугкалæн хæсты Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау редакцийы кусджытæй хъæбатырæй фæмард фынддæс цæрынхъуаг лæппуйы: Æлборты Саукуыдз, Дыдарты Владимир, Бокоты Антон, Фæрниаты Зауырбег, Моргуаты Алыксандр, Едзиты Цини, Хъамбердиаты Хъасболат, Хъуылаты Ладемыр, Дзебойты Хазби, Фидараты Георги, Хъуыргъосты Иван, Суджаты Георги, Дзæхаты Темырхъан, Гусаты Никъала, Хъесаты Солтан.
“Рæстдзинад” дæр йæхи равдыста æнæфæцудгæ æхсарджын æмæ хъæбатыр хæстонæй. Дардыл хъуысти йæ нæргæ хъæлæс: сидти тохмæ, адæмты разæнгард кодта знаджы ныддæрæн кæнынмæ, фронты чъылдым фидар кæнынмæ, парахат кодта дзыллон-патриотон хъомылад, сæрыстыр уыд нæ хæстон хъæбатырты сгуыхтдзинæдтæй, цин кодта æмæ зарыд Уæлахизы кадыл.
Хæсты азты газет йæ фæрстыл мыхуыр кодта тохы быдырæй æрвыст фыстæджытæ, хæстон фысджыты æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацтæ, сидтытæ.
***
Хæстæй уæлахизимæ сыздæхтысты æмæ æфсæддон цинелты сæ уарзон газеты разæнгардæй кусын райдыдтой Цырыхаты Михал, Бутаты Тотырбег, Дзугаты Барис, Хуытъинаты Махарбег, Саукуйты Иссæ, Тегаты Сулейман, Федор Мамонтов, Томайты Дзантемыр, Дзугаты Савели, Андиаты Мæхæмæт, Айдарты Хъамболат, Бæдоаты Алисолтан, Хуытъинаты Дæдæгка, Хъуылаты Чермен, Джыккайты Федя, Баситы Михал.
Æмæ уæд газет йе ‘ппæт тыхтæ дæр сарæзта пырхгонд адæмон хæдзарад йæ къахыл слæууын кæнынмæ. Æрлæууыд та ног историон ивддзинæдты, цауты раззагдæрты рæнхъыты. Уыдис, цардмæ ногдзинæдтæ чи хаста, хъазуатонæй чи куыста, адæмы хорздзинадыл разæнгардæй чи архайдта, уыдонимæ.
***
Уæлæнгай цæстæй никуы каст “Рæстдзинад” йæ адæмы хъысмæтмæ. Йæ равзæрдæй фæстæмæ цыдис цардæн йæ гуылфæнты, йæ æрфыты: фыста Ирыстоны базырджын азты истори, куыд у, афтæмæй æнæхин, æнæсайд, рæстæй. Æмæ царды цаутæ æрмæст фысгæ нæ кодта, фæлæ сын кодта æмбæлгæ аргъ, газеткæсджытæн æргом дзырдта æмæ дзуры, хорз æмæ æвзæр цы у, уыдæттæ.
Уымæн кодтой адæм æмæ паддзахад дæр “Рæстдзинад”-æн стыр аргъ. 1973 азы ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиум йæ Указы фыста: “Цæгат Ирыстоны АССР- йы фæллойгæнджыты коммунистон уагыл хъомыл кæныныл, хæдзарадон æмæ культурон арæзтады хæстæ æххæст кæныныл тохмæ сæ разæнгард кæныныл йæ æнтыстджын куысты тыххæй Цæгат Ирыстоны республикон газет “Рæстдзинад”-æн лæвæрд æрцæуæд орден “Кады нысан”.
2000 азы та йын саккаг кодтой Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми.
Газетæн бирæ майдантæ æмæ Кады грамотæтæ лæвæрд æрцыд йæ хъомысджын куысты тыххæй Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Журналистты цæдистæй, ССР Цæдисы ДОСААФ-æй, Æппæтуæрæсеон æрдзхъахъхъæнæг æхсæнадæй æмæ æндæр рæттæй.
***
“Рæстдзинад” у ирон адæмы иугæнæг тых. Уый никуы дихтæ кодта ирон адæмы диалекттæм, ныхасздæхтытæм, хъæутæ æмæ кæмттæм гæсгæ. “Рæстдзинад”-æн уыд, ис æмæ уыдзæн иу ирон адæм, æмæ фидарæй кусы йæ иудзинадыл, йе ‘нгомдзинадыл. Газеты ахсджиагдæр темæтæй иу у дыууæ Ирыстоны баиу кæныны хъуыддаг. Уый у нæ адæмы æнусон бæллиц.
Нæ иумæйаг уарзон Ирыстонæн йæ цин, йæ хъыджы æппынæдзухæй йæ фарсмæ вæййы “Рæстдзинад”. Уый дæр йæ адæмимæ иумæ йæ уæлæ, куы йæ бæрæгбоны дарæс скæны, куы та йæ сау дарæс. Ирыстоныл Хуссары æмæ Цæгаты дæр цы бæллæхтæ, Беслæны цы æвирхъау фыдракæнд æрцыд, уыдон маст бауагътой газеты кусджыты, фæлæ сæ зæрдæ нæ фæхъæбæр, сæ ныфс нæ асаст ноджы фæбæрнондæр сты нæ адæмы раз, фæсивæды ‘хсæн фæтыхджындæр кодтой патриотон хъомылад, цæмæй, хистæрты намысы тырыса бæрзонд сисгæйæ, кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæууой, къæрцхъусдæр уой ацы фæлдурæджджын заман, ирон адæмæн фыдбылыз чи хæссы, уыдонмæ. Уыцы куысты сын хорз æххуыс кæнынц ветеранты республикон Совет, ХъСТО-йы Цæгат Ирыстоны хайады разамынд.
***
Фæстаг азты ирон адæмы хæдбардзинады, хиæмбарынады цы рæстмæ ивддзинæдтæ æрцыд, уыдон хорзæрдæм æнæфæзынгæ нæ фесты газеты куыстыл. Ирыстон сси хæдбар республикæ, ирон æвзаг нæм сси паддзахадон æвзаг. Ирон адæмы хъысмæтыл, нæ мадæлон æвзагыл стыр мæтимæ ныхас цæуы “Рæстдзинад”-ы алы номыры дæр. Къуырцдзæвæнæй рацæуынæн фæндæттæ æмæ гæнæнтæ амынд цæуы газеты æрмæджыты.
Фидарæй зæгъæн ис “Рæстдзинад” у нæ ирон национ культурæйы ахсджиагдæр цæджындзтæй иу, йæ артдзæст, йе ‘мкусæг. Æмæ йæ уыцы фарны фæндагмæ ракодтой, цы бирæ курдиатджын лæгтæ дзы куыста, уыдон. Уыцы фарны фæндагмæ йæ ракодтой йæ редактортæ Гæдиаты Цомахъ, Барахъты Гино, Къосыраты Сæрмæт, Бæдоаты Хъазыбег, Челæхсаты Аслæнджери, Æгъуызарты Æхсарбег æмæ Хъаныхъуаты Валодя.

***
Хорз бынтæ, хорз æгъдæуттæ ныууагътой редакцийы раздæры фæлтæртæ. Хорз куысты фæтк, хорз зондамонджытæ. Скодтой кад æмæ намыс “Рæстдзинад”-æн æмæ сæхицæн. Газеты кусджыты фæлтæртæй никуы уыдзысты рох, “Рæстдзинад”-æн йæ цард чи снывонд кодта, уыдоны рухс нæмттæ: Хуымарты Хъамболат, Гагкайты Дзибис, Хацъæты Валодя, Мыстулаты Дзантемыр, Хъесаты Дафа, Хуытъинаты Махарбег æмæ Дæдæгка, Бæдоаты Алисолтан, Саламты Алихан, Хъараты Уырызмæг, Æгъуызарты Георги, Цогойты Георги, Тегаты Сулейман, Хъуылаты Чермен, Хуыгаты Валодя, Саукуйты Иссæ, Бутаты Тотырбег, Цырыхаты Михал, Хæблиаты Сафар, Джимиты Хайырбег, Гæлуаты Аким, Бадриаты Никъала, Толпарты Сослан, Хъаныхъуаты Валодя, Дзугаты Барис, Амилаханты Хизир, Томайты Дзантемыр, Тыджыты Юри, Гуыбаты Чермен, Æлборты Хетæг, Мылыхуаты Заретæ, Тепсыхъоты Зоя, Мамсыраты Мурат æмæ иннæтæ. Адон иууылдæр фæд-фæдыл ацыдысты ацы дунейæ. Рухсаг уæнт!
***
“Рæстдзинад”-ы куыст бирæ ахадгæдæр æмæ хъæздыгдæр кæны нæ ахуыргæндты, нæ фысджыты æххуысæй. Джусойты Нафийы, Ходы Камалы, Дзасохты Музаферы, Мæхæмæтты Ахуырбеджы, Цыбырты Людвигы, Цыбырты Герликы, Хъодзаты Æхсары, Гуыриаты Тамерланы, Беруаты Барисы, Хъайтыхъты Азæмæты, Айларты Измаилы, Дзидзойты Валерийы, Дауыраты Дамиры, Дзбойты Михалы, Багаты Ладийы, Хозиты Барисы, Гæбæраты Никъалайы, Хæмыцаты Албеджы æмæ иннæты царды ахсджиаг фарстатыл фыст уацтыл æхсызгонæй сæмбæлынц газеткæсджытæ.
Газеты куыстимæ дæсгай азты дæргъы æнгом баст сты хистæр фæлтæртæй йæ иузæрдион æхсæнадон уацхæсджытæ: Мамсыраты Ислам, Дойаты Сергей, Томайты Шамил, Мырзаганты Махар, Базраты Фатимæ, Абайты Зæлинæ, Лианты Розæ, Байты Кермен, Æрчъегкаты Зарæ, Багаты Сафирæт, Быдтаты Барис, Дзопойты Юри, Кцойты Асте, Сланты Руслан, Бутаты Победæ, Отарты Георги, Гуылæрты Барис, Цгъойты Булкæ, Уæлыгæсты Саркис, Хæмыцаты Раман æмæ иннæтæ. “Рæстдзинад”-ыл иузæрдион сты кæстæр фæлтæртæ дæр.

***
Газеты фæрстæй арæх райхъуысы рæзгæ фæлтæрты уæндон хъæлæс. Уыдон газеты мидисмæ хæссынц ногдзинæдтæ, царды уалдзæджы комулæфт. Сæ фыст æрмæджытæ: уацхъуыдтæ, уацтæ, радзырдтæ, новеллæтæ, æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цæуынц, редакци сын цы сæрмагонд газет “Нæ Иры фæсивæд”, хицæн спортивон фарс “Зилахар” æмæ литературон къуым “Малусæг” байгом кодта, уым.
Арфæйаг куыст бакодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, журналистикæйы факультет кæй байгом кодта, уымæй. Чи дзы ахуыр кæны, уыдонæй бирæты мыггæгтæ арæх вæййынц газеты фæрстыл. Уыдон нæ, фæлæ ма скъоладзауты фыст æрмæджытæ дæр.
***
“Рæстдзинад” бастдзинæдтæ дары, Уæрæсейы Федерацийы, раздæры советон республикæтæ æмæ суанг, дард фæсарæйнаг бæстæты алы рæтты цы ирæттæ цæры, уыдонимæ дæр. Уацхъуыдтæ йæм фыстой æмæ фыссынц Мæскуыйæ, Санкт-Петербургæй, Стъараполæй, Хъæрæсейæ, Краснодарæй, Туркæй, Францæй, Англисæй, АИШ æмæ Аргентинæйæ дæр.

***
“Рæстдзинад” архайы рæстæгимæ æмдзу кæныныл. Парахатæй æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй æвдисы царды ивддзинæдтæ, наукæ æмæ техникæйы ногдзинæдтæ. Æргом кæны, размæ цæуын, рæзгæ фæлтæры хъомылады нæ цы цæлхдуртæ, ног фæзындтытæ хъыгдарынц, уыдон.

***
“Рæстдзинад”-ы кусджытæ разæнгардæй архайынц:
Цæмæй газеты æрмæджытæ адæмы зæрдæты гуырын кæной ныфс æмæ хорз ракæнынмæ хъæппæрисы æнкъарæнтæ.
Цæмæй, уыдон сæ хъару æмæ зонд цас амоны, уыйбæрц ахъаз кæной Ирыстоны дарддæры рæзтæн.
Цæмæй ирдæй æвдисой куыстуарзаг æмæ рæстаг ирон адæмы намыс, хъæбатырдзинад, уæздандзинад æмæ хæларзæрдæйы уаг, сæ сæрыстырдзинад.
Цæмæй газет уа адæмы æцæг иугæнæг “арфæйы дзырд”.
Цæмæй алы адæймагмæ дæр æвзæрын кæна уды сыгъдæг æнкъарæнтæ.
Цæмæй алы ирон дæр йæ мадæлон æвзагыл зона кæсын æмæ фыссын.
Цæмæй ирон æвзагæн уа фидæн, ирон дзырдæн ма уа тæссаг фесæфынæй.

Цгъойты Хазби