Нымæцон инфраструктурæйы рæзт

2
13947

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд «Ростелеком»-ы хуссайраг филиалы директор Сергей Мордасовимæ. Ныхас рауад Цæгат Ирыстоны нымæцон инфраструктурæйы рæзты концепцийыл.

Фембæлды архайдтой Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Фадзайты Æхсарбег, информацион технологиты æмæ бастдзинады республикон управленийы разамонæг Гæхаты Даниил, «Ростелеком»-ы цæгатирыстойнаг филиалы директор Евгений Гальцев, йæ хæдивæг Андрей Попов.

Сергей Мордасов куыд радзырдта, афтæмæй телекоммуникацион инфраструктурæйы рæзтæн компани фæстаг æртæ азы республикæйы бавæрдта 760 милуан сомы. «Ныртæккæ «Ростелеком»-ы оптикон хызтæ æххæссынц 165 мин хæдзарыл, уый та у республикæйы цæрджыты 80 проценты. Скъолаты, скъолайы агъоммæ кусæндæттæ æмæ медицинон организацитæ «Ростелеком»-ы оптикон интернетæй сты æххæст. Нæ бон у цæрджытæн, паддзахадон структурæтæн, амалхъомадæн нымæцон экосистемæйы лæггæдтæ кæнын», — фæбæрæг кодта ныхасгæнæг.

«Ростелеком» абон цæттæ у республикæйы Сæргълæууæджы уавæрон центр саразынмæ. Уый фæрцы уынаффæтæ рахæссын, цæст фæдарын æмæ уавæр æвзарынæн йæ хæрзхъæддзинад фæхуыздæр уыдзæн. Центры цы хабæрттæ æмбырдгонд цæудзысты, уыдоны фæдыл уайтагъд уынаффæтæ рахæссæн уыдзæн, иумæйаг социалон-экономикон уавæрæн аргъ скæнæн дæр.

Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй сын «Ростелеком»-имæ ис фидар бастдзинæдтæ, хъуамæ бацархайой горæтты, хъæуты уынгты, скъолаты æдасдзинадыл, уынгты фæзына рухс, рынчындæтты, поликлиникæты куыст фæахадгæдæр уа. Фембæлды фæбæрæг кодтой республикæйы проектты дарддæры рæзты картæ.

Технологон нысантæй уæлдай ма «Ростелеком» регионы æххæст кæны фæсивæдон, социалон æмæ ахуырадон мадзæлттæ. Фæсивæды ‘хсæн æгуыстдзинад фæкъаддæр кæныны, нымæцон зонындзинæдтыл бафтауыны нысанимæ ацы аз скодтой проект «Нымæцон авналæнтæ». Æппынæдзух йæ хъус дары «Кванториум»-ы рæзтмæ, алыхуызон интеллектуалон проекттыл, патриотон мадзæлттыл архайы.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

2 КОММЕНТАРИИ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here