Æнусон хæзнатæ хъахъхъæнгæйæ

0
938

«Кæцыдæр хъуыддæгтæ мын уайтагъд куы нæ рауайынц, уæд ратыхсын. Фæлæ та куы æрхъуыды кæнын, ацы ахсджиаг паддзахадон, ахадгæ хъуыддагæн бындур чи æвæрдта, уыдоны, уæд мæхи æрсабыр кæнын. Уыдон цалдæр адæймаджы йеддæмæ куы нæ уыдысты, уыйбæрц бынтæ нын æрæмбырд кодтой, бындур сæвæрдтой архивон хъуыддагæн, бахъахъхъæдтой нын диссаджы хæзнатæ. Мах та? Мах ма сыл æфтауæм æмæ дарддæр нæ хæс æххæст кæнæм», — архивы кусæджы боны кадæн æмбырды республикæйы архивон службæйы разамонæг Нинæ ЧИПЛАКОВАЙЫ раныхасмæ æмхуызонæй æхсызгонæй байхъуыстой.

Æмбырдмæ æрбацыдысты службæйы раздæры æмæ ныры кусджытæ, Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав, ветеранты советы сæрдары хæдивæг Бедойты Руслан, ахуыргæндтæ, æхсæнады минæвæрттæ. Цæстуынгæ æрмæджы фæрцы Нинæ Чиплакова æмбырды архайджыты цыбыр рæстæгмæ ахуыдта рагон историон фæндæгтыл. Цæмæй æмæ кæмæй райдыдта ацы ахсджиаг хъуыддаг? Цытджын Петры 1712 азы ист Указ ссис бындурæвæрæг. …Мæздæджы æмæ Хъызлары фыццаг архивон æвдисæндартæ… Иван Бурак, Дзагурты Григори, Гæздæнты Серафин… — Дзагурты Григорийы бавæрд архивон хъуыддагмæ афтæ ахадгæ æмæ стыр у, æмæ йын аргъ скæнын зын у. Ис нæм 1920 азы фыст, Дзагуры-фырт Терчы облæсты архивариус уæвыныл кæм сразы, ахæм документ. Уæдæй нымайæм нæ службæйы фæзынд æмæ фарон сбæрæг кодтам нæ 95 азы. Дзагурты Григорийы кадæн та, æнæмæнг, скæндзыстæм сæрмагонд æмбырд, — дзырдта службæйы разамонæг. Иу ахсджиаг историон документ иннæйы ивта, къамтæ, фыстæджытæ, уынаффæтæ, уагæвæрдтæ, цавæрдæр бардæттæг гæххæттытæ — уыдон æрмæст Цæгат Ирыстоны рагистори æвдисæг æрмæджытæ нæ уыдысты, фæлæ нæ сыхаг республикæты цардæвдисæг дæр. Нинæ Чиплакова куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм рæстæг дæр уыд, æмæ сфæнд кодтой архивон фондтæ фæдихтæ кæнын, цæмæй сæ Цæгат Кавказы республикæтæ сæхимæ æрæфснайой. «Хуыцау хорз, æмæ нæ бауагътой уыцы знаггад æрхæссын. Иугæр, дам, Терчы облæсты архивтæн бындур Дзæуджыхъæуы æрæвæрдтой, уæд хъуамæ уым баззайой. Афтæмæй хъахъхъæд æрцыдысты», — бафиппайдта ныхасгæнæг. Александр Маслов, Полинæ Варданова, Къозонты Ольгæ, Бетъойты Мария, Такъæты Сергей, Дзиуаты Эльбрус, Мецъаты Эльбрус æмæ ма бирæ æндæр адæймæгты нæмттæ æрхаста Архивон службæйы разамонæг. «Абон цы хæзнаты хицæуттæ стæм, уыдон бирæ фæлтæртæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнгæ фæцыдысты. Нæ рæбынты æфснайд сты нæ историон фæндаджы æвдисæндартæ, ирон адæмы цардарæзт, сæ уæздандзинад, æвзыгъддзинад, лæгдзинад æмæ удварны хæзнатыл дзурæг алыхуызон æрмæджытæ. Ивгъуыды фæрцы ис фæлтæртæ хъомылгæнæн. Фыдызæхмæ уарзондзинад, сæрыстырдзинад æваст нæ фæзынынц. Куы рафæлдахай, æнусты фæлм цы документтыл æрæнцад, куы бакæсой, ирæттæ сæхи Уæрæсейы сæраппонд ацы заманты куыд хъæбатырæй æвдыстой, куыд хиуылхæст, хæдзонд уыдысты, уыдæтты тыххæй Паддзахы æфсады инæлартæ, разамонджытæ цы хатдзæгтæ кодтой, уыдæттæ, уæд кæйфæнды зæрдæ дæр байгом уыдзæн», — Нинæ Чиплаковайы ныхас, æвæццæгæн, æмæ алы фæлтæрæн дæр тынг æнцон æмбарæн у. Ууыл дзурæг сты æппынæдзух рæзгæ сабитæн цы ерыстæ, æркастытæ скæнынц, уыдон. Скъоладзаутæ, студенттæ се ‘ргом аздæхтой ацы хъуыддагмæ. Ныртæккæ фондты æфснайд ис 1430 мин документы. Службæйы кусджытæ кæнынц бирæвæрсыг куыст: фембæлдтытæ, цæлхæмбырдтæ, уадзынц къалиндартæ, бæрæгбæтты, кадджын цауты тыххæй чингуытæ, монографитæ, æмбырдгæндтæ. Иу ахæм ахсджиаг цау нæй, æмæ сын æнæрхъуыдыйæ баззайа: Уырыссаг-туркаг хæст, 1812 азы хæст, Хуссар Ирыстоны 2008 азы хæст æмæ æндæртæ. Уæдæ Ирыстоны архивон фонды æртæ томы ныридæгæн дунейы рухс федтой. Кæд цыппæрæм томæн æхца нæма ис, уæддæр гуырысхойаг нæу: æнæмæнг æй рауадздзысты. Архивон службæ рæстæгæй фæсте нæ зайы, йæ æфснайæнтæ, йæ рæбынтæ — парахат, аив, райдзаст, нырыккон информацион технологитæ, сайт, бастдзинæдтæ иннæ регионты наукон æмæхсæнадимæ, æндæр бæстæтимæ. Фæстаг рæстæг ма адæймаджы зæрдæ кæд истæмæй барухс, уæд ацы службæйы куыст куыд æвæрд у, йæ коллектив куыд æмзонд æмæ æмуд у, уымæй. Мах бирæ хæттыты разамонджытæй æнæхъуаджы феппæлæм, аразгæ дæр ницы скæнынц, сæ зæрды дæр ницы вæййы. Нæ республикæйы архивон службæ йæ хуыз скалдта, бæрзонд æмвæзадмæ схызт, Нинæ Чиплакова йын разамынд дæттын куы райдыдта, уæдæй. Уыцы хъуыддаг иу æмæ дыууæ хатты нæ загъдæуыд Хицауады æмæ Парламенты æмбырдты. Ацы хатт дæр архивы кусджытæн, йæ разамонæгæн зæрдæбын арфæтæ ракодтой Бедойты Руслан, Къесаты Станислав, иннæ уазджытæ. Бедойы-фырт Ветеранты æппæтуæрæсеон организацийы Кады гæххæттæй схорзæхджын кодта Нинæ Чиплаковайы. Службæйы Кады гæххæттытæй хорзæхджынджын æрцыдысты Рæмонты Владимир, Гæззаты Светланæ, Дыдарты Зæлинæ. Архивон службæйæ Арфæйы гæххæттытæй та — Хъодзаты Розæ, Тасойты Тамарæ, Алисæ Воронова, Æлбегты Татьянæ, Хестанты Анастасия æмæ иннæтæ. Алы кусæгæн дæр Нинæ Чиплакова ссардта æппæты ахадгæдæр, рæсугъддæр ныхæстæ. «Уырдыг лæууæм æнусон хæзнатæ хъахъхъæнгæйæ æмæ уын дарддæр дæр бантысæд…» — ахæм уыд йæ арфæ.

БУТАТЫ Эльзæ Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here