Фембæлд пысылмæтты съезды архайджытимæ

0
847

Дзæуджыхъæуы уыд Цæгат Ирыстоны пысылмæтты VII съезд. Знон Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд съезды архайджытæ æмæ уазджытимæ.

Уазджытæн арфæ ракæнгæйæ, Битарыфырт фембæлды архайджытæн бузныг загъта, республикæйы царды зæрдиагæй кæй архайынц, уый тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстон алкæддæр сæрбæрзонд уыд, йæ зæххыл алы адæмыхæттытæ æмæ бирæ конфесситы минæвæрттæ кæй цæрынц, уымæй. Республикæйы Сæргълæууæг Гуæцæлты Хадзымуратæн арфæ ракодта, ногæй йæ Цæгат Ирыстоны Пысылмæтты удварны управленийы муфтийæ кæй равзæрстой, уый фæдыл æмæ куыд загъта, афтæмæй цæттæ у Пысылмæтты удварны управлениимæ æмгуыстадмæ. Битары-фырт республикæйы Парламент æмæ Хицауадæн бахæс кодта, цæмæй управленийæн йæ архайды æххуыс кæной. «Цæгат Ирыстоны пысылмæттæ алкæддæр тырныдтой сабырдзинадмæ, цæстыгагуыйау хъахъхъæдтой национ традицитæ. Æмæ абон дæр Пысылмæтты удварны управленийы размæ лæууы уыцы хъæздыгдзинæдтæ бахъахъхъæныны хæс», — загъта республикæйы Сæргълæууæг. Фембæлды кæронбæттæны Битарты Вячеслав Арфæйы гæххæттытæ радта Азербайджаны муфти, Кавказы Пысылмæтты управленийы сæрдар Аллахшукюр Паша-Задейæн, Уæрæсейы Муфтиты советы сæрдары хæдивæг Рушат-Хазрат Аббясов æмæ Цæгат Кавказы Пысылмæтты координацион центры сæрдар Исмаил-хаджи Бердиевæн. Республикæйы уазджытæ Цæгат Ирыстоны разамындæн бузныг загътой æмæ зæрдæ бавæрдтой, се ‘рвылбоны архайдæй регион æмæ Уæрæсейы сабырдзинадыл кæй кусдзысты, уымæй. Азербайджаны пысылмæтты раздзог Аллахшукюр Паша-Заде республикæйы Президент Ильхам Алиевы номæй Битарты Вячеславы фæхуыдта Бакумæ æмæ йын ракодта зæрдылдарæн лæвар. Æмбырды уазджытæ ма уыдысты КæсæгБалхъары, Стъараполы крайы, Дагестаны, Цæцæны, Мæхъæлы, Краснодары край æмæ Хъалмыхъхъы муфтитæ. Цæгат Ирыстонæй фембæлды архайдтой республикæйы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав, Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Огъуаты Алан, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрацийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Таболты Сергей, национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хадыхъаты Сослан æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here