Тугдадзинты низтæ дзæбæхгæнæн республикон центр хъуамæ кусын райдайа ацы аз 15 декабры, Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны ног инфекцион хайад та — 2017 азы кæрон. Ахæм амынддзинæдтæ æмбæлгæ министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæн ратта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав, республикæйы медицинон кусæндæттæ радон хатт бабæрæг кæныны фæстæ.
Республикæйы разамонæг æмæ йемæ бæрнон кусджытæ — æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов æмæ РЦИ-Аланийы Капиталон арæзтады управленийы минæвæрттæ, фыццаджыфыццагдæр, бабæрæг кодтой Республикон клиникон рынчындон. Ацы медицинон кусæндоны сконды уыдзæн тугдадзинты низтæ дзæбæхгæнæн центр. Ног центры цалцæггæнæн куыстытæ ныртæккæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Битарты Вячеслав æрзылд центры бæстыхæйттыл, бабæрæг кодта, операцитæ кæм кæндзысты, уыцы зал дæр. Уым ныртæккæ æвæрын райдыдтой нырыккон медицинон кусæнгæрзтæ. Уыдоны нæмæцы — ангиографийы аппарат дæр. Специалисттимæ ныхасы рæстæг куыд рабæрæг, афтæмæй, арæзтадон куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнынæй уæлдай, алыг кæнын хъæуы æндæр цалдæр фарстайы дæр. Зæгъæм, зынгсирвæзтæй æдасдзинады сигнализаци æмæ æндæр техникон ифтонггæрзтæ сæвæрын. Уый фæстæ республикæйы разамонæг йæ фæндаг акодта Сывæллæтты республикон клиникон рынчындонмæ. Ног инфекцион хайады бæстыхайы арæзтадон куыстытæ сты сæ тæмæны. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы объект фарон бахастой сæрмагонд федералон программæ «Уæрæсейы Хуссар»-мæ (программæ æххæст кæныны æмгъуыд у 2014-2020 азты). Ног дзæбæхгæнæн бæстыхайы уыдзæн 100 бынаты. Битары-фыртæн куыд радзырдтой, афтæмæй ног объекты цæттæдзинады къæпхæн ныртæккæ у 10 проценты бæрц, куыстытыл ныридæгæн схардз кодтой 49 милуан сомы — уыдон сты федералон æмæ республикон бюджетты фæрæзтæ. Æмткæй райсгæйæ, проекты аргъ у 300 милуан сомæй фылдæр. Республикæйы разамонæг аразджытæм бахатыд, цæмæй куыстыты къуылымпыдзинад ма ‘руадзой. Уымæй уæлдай, бахæс кодта, цæмæй хæстæгдæр рæстæг арæзт æрцæуа, ацы ахсджиаг социалон объекты арæзтады æппæт къæпхæнты пълан дæр. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, ног бæстыхай саразынæй уæлдай, бавналын хъæуы, рынчындоны инфекцион хайад ныртæккæ цы агъуысты ис, уый бындурон реконструкцийы проект бацæттæ кæныны хъуыддагмæ дæр. Уыцы агъуыст сарæзтой 1956 азы, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ фадæттæ абоны домæнты аккаг нал сты. РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пъланты куыд загъд ис, афтæмæй рацарæзты фæстæ уыцы бæстыхайы байгом кæндзысты сывæллæтты республикон поликлиникæ. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны уæвгæйæ, республикæйы разамонæг РЦИ-Аланийы Кады грамотæтæ ратта, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы бирæ азты дæргъы æнæзæрдæхудтæй чи кусы, уыцы дыууæ специалистæн: реанимаци æмæ интенсивон терапийы хайады хицау Бæзойты Михал æмæ дохтыр-реаниматолог Тадеты Вадимæн. Цалдæр боны размæ ацы дохтыртæ æмæ се ‘мкусджытæ радон хатт равдыстой сæ профессионалон дæсныдзинад — мæлæтæй аирвæзын кодтой дыууæ гыццыл сывæллоны. Сæ уавæр ныр дзæвгар хуыздæр кæмæн у, уыцы дыууæ рынчынтæй иуы — 7-аздзыд чызджы Битары-фырт бабæрæг кодта палатæйы æмæ йын лæвæрттæ ракодта. Республикæйы Сæргълæууæг дохтыртæн арфæ ракодта сæ куысты тыххæй æмæ куыд загъта, афтæмæй сывæллæттæн медицинон æххуысы фарстатæм уыдзæн æппæты лæмбынæгдæр цæстдард. «Мæ хъару куыд амона, афтæ æппæт дæр араздзынæн нæ сывæллæтты æнæниздзинад бахъахъхъæнынæн. Алкæцы сывæллоны æнæниздзинад æмæ цардыл дæр хъуамæ тох кæнæм, бахъуаджы сахат хъуамæ сыстын кæнæм авиаци дæр, цæмæй рынчыны бæстæйы хуыздæр клиникæмæ фæхæццæ кæнæм. Ахæм хъуыддæгты рæстæг нæ фарсмæ алкæддæр вæййы УФ-йы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Вероникæ Скворцова дæр», — фæнысан кодта Битарты Вячеслав.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ