Зындгонд куыд у, афтæмæй 7 декабры Мæскуыйы, Адæмон хæдзарады æнтыстдзинæдты æппæтуæрæсеон центры арæзт æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Бон. Мадзалы программæ хъæздыг уыд регионы абоны цард æмæ фидæны нысантыл дзурæг фембæлдтытæй: презентацитæй, лекцитæй, равдыстытæй…
Цæгат Ирыстоны æнтыстдзинæдтæ æмæ дарддæры райрæзты ахсджиагдæр проектты тыххæй экспозицийы уазджытæн радзырдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Регионы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Уæрæсейы Президент Владимир Путины æххуысæй ныртæккæ Цæгат Ирыстон кусы ахадгæ инфраструктурон проекттыл.
— Фæстаг азты дæргъы регионы социалон-экономикон хъомысы райрæзтæн фæзынд уæлæмхасæн фадæттæ. Уыдоны фæрцы æххæстгонд цæуынц ахсджиаг инвестицион æмæ инфраструктурон программæтæ. Дыууæ азы размæ фидаргонд æрцыд республикæйы дарддæры экономикон райрæзты уагæвæрд. Уыцы уагæвæрды сæйрагдæр рахæцæнтæ суыдзысты 5 инвестицион проектты. Уыдоныл куыст цæудзæн 2030 азы онг. Амынд проекттæ æххæстгонд цæудзысты агропромышленнон комплексы, транспортон инфраструктурæ æмæ туризмы къабæзты. Уыимæ, уыцы проектты хай ныридæгæн æххæстгонд æрцыд. Зæгъæм, компани «Казачий хутор»-ы дыргъдæттæ тыллæг дæттын райдыдтой, компани «Алани» та дарддæр кусы хъæрмуæтты арæзтадыл, — загъта Сергей Меняйло.
Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, уыцы инвестицион проектты фæрцы зынгæ фæхъомысджындæр уыдзæн регионы агропромышленнон комплекс.
— Экономикæйы ахсджиагдæр къабæзтæй иу, кæй зæгъын æй хъæуы, у промышленнон комплекс. Уый райрæзтыл дæр бæлвырд куыст цæуы. Зæгъæм, завод «Кристалл»-ы сног кодтой æрхуыйы рауагъд, раздæры завод «Электроцинчы» фæзуатыл та арæзт æрцæудзæн индустриалон парк, — дарддæр радзырдта Сергей Меняйло.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг йæ раныхасы бæстон æрлæууыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, туризмы, культурæ æмæ иннæ къабæзты республикæ цы зынгæ æмæ цымыдисаг проекттæ æххæст кæны, уыдоныл дæр.
Фидæн азы республикæ сбæрæг кæндзæн Уæрæсеимæ баиу уæвыны 250 азы, Дзæуджыхъæуы 240 азы æмæ Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы. Уыцы юбилейтæм цæттæ кæныны фарстатыл дзургæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Ирыстон диссаджы бæстæ у. «Уым райгуырынц стыр музыканттæ, зынгæ ахуыргæндтæ, фысджытæ, дохтыртæ, педагогтæ, олимпаг чемпионтæ… Мах сæрбæрзонд стæм нæ уарзон республикæйæ æмæ уын зæрдиагæй радзурдзыстæм Ирыстоны тыххæй, базонгæ уæ кæндзыстæм йæ алæмæты æрдз æмæ йæ уазæгуарзаг адæмимæ», — бафиппайдта Сергей Меняйло.
Цæгат Ирыстоны презентацийы архайдтой Стратегион хъæппæристы агентады генералон директор Светланæ Чупшева, компани «Кавказ.РФ»-йы генералон директор Андрей Юмшанов, Евгений Вахтанговы номыл мæскуыйаг академион театры директор Кирилл Крок æмæ иннæ кадджын уазджытæ.
Уыцы бон Цæгат Ирыстоны экспозици бабæрæг кодтой республикæйы раздæры сæргълæуджытæ Дзасохты Алыксандр, Мамсыраты Таймураз æмæ Битарты Вячеслав дæр. Фæстæдæр уыдон республикæйы ныры разамонæг Сергей Меняйлоимæ сарæзтой цыбыр пресс-конференци журналисттæн.
Ирыстоны боны программæйы мадзæлттæн сæ цымыдисагдæр, æнæмæнг, сси ирон чындзæхсæв.
Форум «Уæрæсе»-йы уазджытæн уыд ирон рæсугъд æгъдауимæ базонгæ уæвыны фадат. Нæ экспозицийы фæзуаты æртæ чъири æмæ бæгæныйы кæхцимæ ракуывтой дыууæ æрыгон уды — Хетæгкаты Константин æмæ Хъарданты Анжеликæйы амондæн. Фембæлды архайджытæ экспозицимæ æрбацæуæг адæмæн равдыстой ирон чындзхасты æгъдау. Мæскуыйы ЗАГС-ы минæвæрттæ та Константин æмæ Анжеликæйæн сарæзтой къайады паддзахадон регистраци.
Æрыгон бинонтæн арфæтæ ракодтой Сергей Меняйло æмæ форум «Уæрæсе»-йы дирекцийы минæвар Анастасия Звягина.
Уыцы бон Цæгат Ирыстоны разамонæгæн уыд цалдæр хъуыддаджы фембæлды дæр. Афтæ, уыдоны архайджытæ уыдысты Белоруссийы Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Дмитрий Крутой, Æфснайæн банчы хуссар-ныгуылæйнаг хайады сæрдар Анатолий Песенников, паддзахадон корпорацитæ «ВЭБ.РФ», «ДОМ.РФ» æмæ æндæр ведомствæтæ æмæ компаниты минæвæрттæ. Уыдонимæ Сергей Меняйло бæстон æрдзырдта дарддæры æмгуыстадыл, иумæйаг проекттæ царды рауадзыныл.
Цæгат Ирыстоны боны иннæ мадзæлттæ цыдысты суанг изæрмæ. Тематикон лекцитæ, культурæ æмæ спорты зындгонд архайджытимæ фембæлдтытæ, мастер-класстæ регионы экспозицийы уазджытæн фадат радтой республикæ хуыздæр базонынæн, йæ ахсджиагдæр удварнон хæзнаты тæваг банкъарынæн.
Республикæйы боны программæ барæсугъд кодтой адæмон кæфтыты паддзахадон ансамбл «Алан», зарæггæнджыты къорд «Фидæн», Цæрикъаты Феликс æмæ иннæ коллективтæ æмæ хицæн артисттæ…
Уыимæ, дунеон форум-равдыст «Уæрæсе» дарддæр йæ куыст кæны. Æппæт уæрæсейаг регионтæ æмæ егъаудæр паддзахадон корпорациты экспозицитæ нырма бирæ цымыдисаг æрмæджытæй барухс кæндзысты форумы уазджыты зæрдæтæ. Цæгат Ирыстоны равдыстытæ æмæ презентациты фонды минæвæрттæ «Рæстдзинад»-æн куыд радзырдтой, афтæмæй регионы экспозици йæ куыст адарддæр кæндзæн сæрмагонд пъланы бындурыл.
Æрмæг бацæттæ
кодта Сланты Аслан